Рæзгæудæн цард

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы райдыдта акци «Спаси жизнь ребенку с лейкозом», зæгъгæ. Сарæзтой йæ стæджы магъзы донорты кадæн. Дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ алкæй бон дæр у донор суæвын. Акци сарæзтой тугдæттæн республикон станцæйы, Русфонд æмæ хæрзаудæн фонд «Быть добру» хъæппæрисæй. Рынчынтæн цы ахъаз фæвæййынц ахæм хъæугæ мадзæлттæ, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæджы. Плиты Рустам 2 азы йæ хъару не`вгъау кæны. Къорд рæстæджы размæ сси донор. Дыууæ мæйæ дыууæ мæймæ туг ратты. Ныр дæр та афтæ. Акцийы тыххæй куы фехъуыста, уæд зæрдиагæй сси стæджы магъзы донор Куыд зæгъы, афтæмæй йæ æнæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдонæн бæххуыс кæнын æй разæнгард кæны. Донор суæвæн хуымæтæджы хъуыддаг нæу. Бирæ домæнтæ дзы ис. Зæгъæм туг чи дæтты, уый уæз хъуамæ 50 килограммæй къаддæр ма уа. Уымæй уæлдай ма донорыл хъуамæ цæуа 18-æй 45 азы онг. Сæйрагдæр та хъуамæ уа æнæниз. Туг дæттыны размæ, донæртæ хъуамæ скæной сæрмагонд иртæстытæ. Дохтыртæ сын фенынц сæ зæрдæ, рæуджытæ, сбарынц сын сæ туджы æлхъывдад. Сæ туг рынчынтæн æнæвгъауæй чи дæтты, уыдоны схорзæхджын кæнынц кадджын доноры номæй. «Цæмæй туг чи фæдæтты, уыцы адæймаг кадджын доноры ном райса уый тыххæй туг хъуамæ ратта 40 хатты», - донорты фарстаты хайады разамонæг Белла Петрук. Республикæйы ахæм акци сарæзтой 3 -æм хатт. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны стæджы магъзы донæртæ сты 471 адæймаджы. Дохтыртæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй алы аз дæр сæ нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Рæзгæудæн цард

Категория:

Новости и СМИ