Дзæуджыхъæуы цæуы грекъаг ромаг хъæбысхæстæй турнир
Цæгат Кавказы федералон зылды грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй турнир райдыдта Дзæуджыхъæуы. Архайынц дзы 18 азы кæуыл нæма сæххæст, ахæм спортсментæ. Турнир сбастой Фыдыдбæстæйы сыр хæсты Уæлахизы 75 азы боны кадæн. Сæ тыхтæ дзы бавзардзысты 150 спортсменæй фылдæр. Республикæйы иугонд командæйæ, гауызмæ рацæудзысты 42 богалы. Рагагъоммæ æвзарæн ерыстæ ныридæгæн сæ тæмæны сты. Манежы галуаны райсомы 10 сахатæй нырмæ цæуынц спорсменты фембæлдтытæ. Сæ кæронбæттæн та уыдзæн 1-æм февралы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы цæуы грекъаг ромаг хъæбысхæстæй турнир
Категория:
Новости и СМИ