Æнæ арæнтæй
Форум «Алания Медиа»-йы фæлгæты конкурс «Молодой Кавказ»-ы уæлахиздзауты сбæрæг сты. Ацы аз конкурсы архайынмæ сæ курдиат балæвæрдтой 100 адæймагæй фылдæр. Уыдис дзы 5 номинацийы: радио, телеуынынад, хуызисæн журналистикæ, мыхуыр æмæ интернет. Кадджын лæвæрттæ райстой Цæгат Кавказы алы регионты минæвæрттæ. Нæ республикæ дæр - се 'хсæн. Нæ телеканалы уацхæссæг Æлбегаты Генриеттæ райста Кады гæххæт æмæ хæрзиуæг «Телеуынынад»-ы номинацийы. Абон форум дæр йæ куыст фæцис. Йæ архайджытæ мадзалæй баззадысты разыйæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, форум 3 боны кæй куыста. Форумы фæлгæты Уæрæсейы зындгонд журналисттæ бакастысты цымыдисаг лекцитæ. Мадзал аразджытæ сæ ныфс дарынц, форум æрвылаз дæр кæй цæудзæн. Йæ архайджыты нымæц та фылдæрæй-фылдæр кæй кæндзæн, ууыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æнæ арæнтæй
Категория:
Новости и СМИ