Ирыхъæуы цæры 5 мин адæймагæй фылдæр, 19 алыхуызон нациты минæвæрттæ
Цæгат Ирыстоны хъæуты цард сындæггай, фæлæ æнхъæвзы. Фæстаг азты дзы аразын райдыдтой ног рæвдауæндæттæ сывæллæттæн, амбулаторитæ æмæ ног культурон галуантæ. Иуæй -иу хъæутæ та æнтыстджынæй архайынц æппæтуæрæсеон конкурсты. Зæгъæм, Иры хъæуы цæрджытæ. Æппæтуæрæсеон конкурс «Лучшая муниципальная практика»-йы нымад æрцыдысты Цæгат Ирыстоны хуыздæр хъæутæй иуыл. Конкурсы домæнтæ базыдта нæ уацхæссæг, уыимæ ма афрста бынæттон цæрджыты, цы тыхсын кæны, уый тыххæй. Октябрскæмæ хæстæг, Иры хъæуы, цард цæджджинагау æхсиды. Цæры дзы 5 мин адæймагæй фылдæр, 19 алыхуызон нациты минæвæрттæ. Ныртæккæ хъæуы цæгатварс цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ - цæрджытæн дзы уадзынц æрдзон газ. 40 хæдзарæй фылдæр уыцы æхцондзинадмæ æнхъæлмæ кастысты 20 азæй фылдæр. Куыстытæ ахæсдзысты дыууæ мæйы. Иры хъæу архайы æппæтуæрæсйеон конкурсы. «Укрепление межнационального мира и согласия», зæгъгæ номинацийы йæ банымадтой Цæгат Ирыстоны хуыздæр хъæуыл. Нæ республикæйæ дзы архайдтой 9 хъæуы.Иры хъæуы цæрджытæ сæ зæрдæ дарынц дарддæр, иннæ къæпхæны дæр кæй фæуæлахиз уыдзысты, ууыл. Ома, æгас Уæрæсейы регионты `хсæн алыхуызон адæмыхæттытæ хæларæй кæм цæрынц, ахæм раныл кæй банымайдзысты. Сентябры Иры хъæуы сывæллæттæн йæ дуæрттæ байгом кæндзæн ног рæвдауæндон. Уымæ цæрджытæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц. Дзуапп дæтдзæн нырыккон домæнтæн. Ног рæвдауæндоны уыдзæн 6 къорды. Æдæппæтæй дзы бынат уыдзæн 120 сывæллонæн. Скъолайы агъоммæ ахуыргæнæндонмæ рады лæууыны хъуыддаг дæр ныр баззайдзæн фæстейы. Уæдæ кусджытæ дæр цæттæ - ирон æвзаджы, музыкæйы æмæ физикультурæйы предметтæй ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнинæгтæ. Къордты агъуыстытæ - куыд æмбæлы, ахæмтæ. Ифтонг сты хъæугæ кусæнгæрзтæ æмæ дзаумæттæй. Зæрдæхсаинаг ма сты цалдæр хъуыддаджы. Сæ иу фæндæгты уавæр. Сæйраг уынджы ис асфальт, иннæ уынгты та фæлтау фистæгæй ауай. Иу дзыхъхъы сæрты цæугæйæ æнæмæнг ныххаудзынæ иннæйы, хъаст кæнынц шофыртæ. Уæдæ фистæгцæуджытæ дæр сæ хуыздæр чемыл не `сты. Фæндæгтæ базилыныл архайынц бынæттон администрацийы. Курдиæттæ бадæттынц алыхуызон федералон программæты архайынмæ. Фæлæ кæй зæгъын æй хъæуы, фæндæгтæ афтæмæй иууылдæр не `сцалцæг кæндзысты. Цалынмæ фæндæгтæ аразынц уæдмæ та уал хъæу стырæй стырдæр кæны. Йæ цæрджытæ сæ зæрдæ дарынц сæ фæзтæ асфальт рæхджы кæй сног кæндзысты, ууыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ирыхъæуы цæры 5 мин адæймагæй фылдæр, 19 алыхуызон нациты минæвæрттæ
Категория:
Новости и СМИ