Гæджиты Аслан ахст уыдзæн 13-æм сентябрьмæ.
Слестгæнæн комитеты курдиатмæ гæсгæ Гæджиты Аслан ахст уыдзæн 13-æм сентябрьмæ. Уыцы уынаффæ рахаста Мæскуыйы тæрхондон. Уый тыххæй «15-æм Регионы» уацхæссæгæн фехъусын кодта тæрхондоны пресс-службæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, слестгæнджыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Гæджиты Асланы къорды уæнгтæ амардтой 60 адæймаджы. 12 барадхалæджы азымджын кæнынц, фыдгæнджыты къорды архайгæйæ фыдбылызтæ кæй арæзтой, стæй ныббырстытæ, дæвдтытæ æмæ лæгмæрдтæ аразынæй. Уæ зæрдыл ма уын æрлæууын кæндзыстæм, 2018-æм азы 20-æм июны Гæджиты Аслан Австрийæ экстрадицигонд кæй уыд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Гæджиты Аслан ахст уыдзæн 13-æм сентябрьмæ.
Категория:
Новости и СМИ