Дзæуджыхъæуы уæлдæр тæрхондоны ацыд æркаст аппеляцион хъастмæ Цъыккаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл
Дзæуджыхъӕуы уӕлдӕр тӕрхондоны ацыд дыккаг ӕркаст аппеляцион хъастмӕ Цъыккаты Владимиры хъуыддаджы фӕдыл. Ситохаты Сосланы адвокат курдиат балӕвӕрдта, цӕмӕй видеоцӕстдарды фӕрцы ист ӕрмӕджытӕм ногӕй лӕмбынӕгдӕр каст ӕрцӕуа. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ дзы ис, бафиппайын ӕмӕ бӕстондӕр ӕркӕсын кӕмӕ хъуыд, ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Куыд зӕгъы, афтӕмӕй сын афойнадыл аккаг аргъ скӕнгӕйӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕндӕр уыдаид тӕрхондоны уынаффӕ дӕр. Уымӕй уӕлдай ма Ситохаты Сослан бахъаст кодта, адвокат сфидар кӕныны бартӕ хӕлд кӕй ӕрцыдысты, ууыл. Уыцы курдиатимӕ сразы сты аххосджынтӕ ӕппӕт дӕр ӕмӕ сӕ номӕй дзурджытӕ. Уый хыгъд азымгӕнджытӕ сӕ ныхмӕ ралӕууыдысты. Бамбарын кодтой сӕ хъуыды афтӕ, ӕмӕ видеоӕрмӕджытӕм бӕстон ӕркӕсынмӕ ӕппӕтӕн дӕр фаг рӕстӕг уыд , цы адвокаттӕн, цы азымтӕн. Уымӕй уӕлдай ма, аххосджын Хохойты Алан курдиат бахаста, цӕмӕй ӕвдисӕндар ӕрмӕджытӕй ист ӕрцӕуой, развӕлгъау слесты рӕстӕг кӕмӕ кастысты, уыцы къамисы экспертизӕйы хатдзӕгтӕ. Дыууӕ курдиатимӕ дӕр тӕрхонон коллеги аиуварс кодта ӕмӕ сыл не сразы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv