Октябрскæйы сарæзтой «Нæртон хъæзтытæ»
Фæсивæды бæрæгбоны кадæн Горæтгæрон районы æрвылаз саразынц республикон фестиваль «Нæртон хъæзтытæ». Йæ сæйраг хæс у рæзгæ фæлтæры æнæниз цардыуагыл фæцалх кæнын, стæй нæ рагфыдæлты традицитæ дарддæр иннæ фæдонтæм хæссын. Ерысты архайджытæ сæ тыхтæ фæлвæрдтой алыхуызон спорты хуызтæй. Куыд арæхстджын разындысты ацы аз, уый фенынмæ Октябрскæмæ абалц кодта не сфæлдыстадон къорд. Октябрскæйы стадионы абон уыд æцæг бæрæгбон. Хъæлдзæг зарджытæ æмæ кæфтытимæ. Æрбамбырд æм сты нæ республикæйы алы районты минæвæрттæ. Командæтæ сæмбырд кодтой районты фæсивæды хъуыддæгты фæдыл хайæдтæ. Æдæппæтæй фестивалы архайдтой 8 командæйы. Алы командæйы дæр - 10 лæппуйы. Сæ тыхтæ фæлвæрдтой, нæ рагфыдæлтæ цы спорты хуызтæй архайдтой, уыдонæй. Тускъаты Сослан у Æрæфы районы командæйы сæргълæууæг. Раздæр уыдис уæгъдибар хъæбысæйхæцæг профессионалон æгъдауæй. Ерысты йæхи фæлвары нæртон спорты хуыз - дур æхсынæй. Куыд зæгъы, афтæмæй ерысты фыццаг хатт архайы. Стадионы иннæ хайы та ерысты архайджытæ сæ тыхтæ фæлварынц фат æмæ æрдынæй æхсынæй. Иу чысыл дарддæр куы афæлгæсай, уæд дзы лæппутæ сæ арæхстдзинад æвдисынц уæзæгтимæ дугъ кæнынæй. Хуыздæрыл банымайæн ис, цыбырдæр рæстæгмæ æнæ къуылымпыйæ 100 килæйы бæрц уæз йæ уæлæ ахæсса, уый. Алкæй къухы уыцы хъуыддаг нæ бафтыд. Æппæты арæхстджындæр ацы спорты хуызы разынд Кировы районы минæвар, Милдзыхты Рамазан. Уымæй уæлдай ма фестивалы архайджытæ сæхи фæлвæрдтой уæзæгтæ исынæй. 50 килæйы чи ласта, ахæм голлаг цыбыр рæстæгмæ хъуамæ систаиккой æппæтæй фылдæр хатты. Чи тыхджындæр у, уый ма бæрæг кодтой ноджыдæр иу нæртон спорты хуызæй - ивазæнтæй. Мадзалы уазджыты `хсæн уыдысты Горæтгæрон районы администрацийы минæвæрттæ æмæ районы Стыр Ныхасы сæрдар Ходы Æхсар. Иууылдæр хæст уыдысты иу хъуыдыйыл - нæ рагфыдæлты традицитæ бахъахъхъæнынæн ахæм мадзæлттæ стыр пайда сты. Ерыстæ Горæтгæрон районы аразын райдыдтой 2012-æм азы. Фæлæ республикон систы фæстаг 3 азы. Йæ архайджыты нымæц афæдзæй-афæдзмæ фылдæрæй-фылдæр кæны. Ацы хатт мадзал сбастой фæсивæды бæрæгбонимæ. Арæзт у нæ республикæйы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты æххуысæй. Нæртон спорты хуызты йæхи æппæты æнтысджындæр равдыста Горæтгæрон районы командæ. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой кубоктæ, майдантæ æмæ кады гæххæтытæй. Ерысты архайджытæ иннæ аз дæр зæрдиагæй сæ тыхтæ кæй бафæлвардзысты, уымæй зæрдæ бавæрдтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Октябрскæйы сарæзтой «Нæртон хъæзтытæ»
Категория:
Новости и СМИ