Кокайты Аланæн уыд пресс-конференци

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

Дзæуджыхъæуы администрацийы культурæйы управленийы сæргълæууæг Кокайты Аланæн уыд пресс-конференци. Ныхас дзы цыд Ног азы бæрæгбæттæм цæттæгæнæн мадзæлттыл. Кокайты Алан ма радзырдта ацы аз бæрæгбоны программæ иннæ азтæй цæмæй хицæн кæндзæн æмæ цæмæй цымыдис уыдзæн, уый тыххæй. Зæгъæм, æвддæсæм декабры Дзæуджыхъæумæ ссæудзæн Митын Дада. Æрбынат кæндзæн, сæрмагондæй йын кæй сараздзысты, уыцы хæдзары. Сабитæ йæм æстдæсæм декабрæй цыппæрдæсæм январмæ цæудзысты уазæгуаты. Билеты аргъ раздæрау уыдзæн сæдæ сомы. Иу билетмæ гæсгæ бацæуæн уыдзæн сывæллонæн æмæ иу хистæрæн, Митын Дада ма сын скæндзæн чысыл лæвар дæр. Дыууын æртыккæгæм декабры та сараздзысты республикæйы сæйраг Заз бæлас байгом кæныны бæрæгбон. Сихорæй фæстæмæ фæзы кусдзысты анимацион къордтæ æмæ къамисджытæ, уыдзæн дзы лæвар æфсæддон хæрæндон, сæ продукци дзы равæрдзысты республикæйы хæринаггæнджытæ. Изæры æхсæз сахатыл райдайдзæн концерт. Республикæйы цæрджытæм ссыдысты проект "Голос"-ы архайджытæ Хекъилаты Денизæ æмæ Олика Громова. Сценæмæ ма рацæудзысты республикæйы эстрадон артисттæ æмæ сфæлдыстадон къордтæ. Бæрæгбоны мадзæлттæ фæуыдзысты фейерверкæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Кокайты Аланæн уыд пресс-конференци

Категория:

Новости и СМИ