Æлбегаты Алданæ социалон контракты руаджы аразы сывæллæттæн интерактивон чингуытæ

Куклайыл разгæмттæ скæнын, йæ къухтæм ын раттын фæндыр кæнæ йын авдæны сывæллоны аузын кæнын. Ахæм чингуыты руаджы сывæллæттæн сæ бон уыдзæн æгъдæуттæ базонын, адæмон аргъау радзурын, суанг йæхи бон дæр уыдзӕн ног аргъау æрхъуыды кæнын. Интерактивон чингуыты дуне Æлбегаты Алданæ йæхицæн байгом кодта 9 азы размæ. Уæд Алданæмæ нырма сæрмагонд планшет нæ уыд, ныв-иу кодта смартфоны руаджы. Фæлæ кæд техникон къуылымпыдзинæдтæ æвзæрста, уæддæр йæ фæнд сæххæст кодта. Фыццаг чиныг ын æнтыстджын рауад. Чысыл фæстæдæр хъомылгæнæджы куыст парахат кæнын райдыдта, заказтæ та фылдæрæй-фылдæр кодтой. Арæхдæр сæ балхæнынц скъолайы ахуыргæнджытæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хъомылгæнджытæ. Уымæ гæсгæ йæ бахъуыдис фылдæр техникæ самал кæнын. Спайда кодта социалон контрактæй. Сывæллæттæн чингуытæ аразыны хъуыддагæн стыр нысаниуæг ис, зæгъы Алданæ. Сӕ руаджы сабиты зӕрдӕты рæздзæн мадæлон æвзаг æмæ культурæмæ уарзондзинад. Фидæнмæ Алданæмæ ис бирæ фæндтæ. Сæ иу - ирон фысджыты уацмыстӕм гæсгæ чингуытæ саразын. Социалон контракт у ахъаз æххуыс бæллиц сæххæст кæнынмæ. 3 азмæ паддзахадæй æххуыс райстой 3700 цæрæгæджы бæрц.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
20 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии