"Иугонд Уæрæсе"-йы регионалон хайад цæттæ кæны рагагъоммæйы æвзæрстытæм
Хæстæгдæр хуыцаубоны сбæрæг уыдзысты Дзæуджыхъæуы горæты минæвæртты æмбырды депутаттæм кандидаттæ. Æвзæрстыты архайджытæ- партийы уæнгтæ æмæ хуымæтæг адæм. Рагагъоммæ æвзæрстыты хатдзæгтæм гæсгæ парти скæндзæн номхыгъд. Нысангонд дзы чи `рцæуа, уыдон дарддæр архайдзысты Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды депуттатæм æвзæрстыты. Ныртæккæ уал сарæзтой дебаттæ. 68 фæзыл дзырдтой регионы аиуварсгæнинаг хъуыддæгтыл. Се `хсæн горæты инфрастуктурæ, цæрæнуæттæ комуналон хæдзарады фарстатæ æмæ æндæртæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм æвзарæгæн йæ хъæлæс раттын у цалдæр кандидатæн. Уæлахиздзау суыдзæн уыцы архайæг фылдæр хъæлæстæ чи æрымбырд кæна, уый. Ортабайты тимур: «Ныридæгæн æвзæрстыты архайын бафæндыд 92 адæймаджы. Курдтиæттæ райсыны рæстæг аиргъæвдтой æртæ бонмæ. 17-æм майæ 19 маймæ. Уый та уый тыххæй æмæ рагагъоммæ æвзæрстыты архайын кæй бафæндыд уыдон сæ гæххæтытæ рæстæгыл нæ балæвæрдтой. Уыцы æртæ бонмæ номхыгъды фæнысан кодтам 20 адæймаджы. Бузныджы ныхæстæ зæгъын мæ фæнды партийы разамындæн гæххæтытæ раттыны рæстæг кæй адæргъвæтин кодтой уый тыххæй»”. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
"Иугонд Уæрæсе"-йы регионалон хайад цæттæ кæны рагагъоммæйы æвзæрстытæм
Категория:
Новости и СМИ