Беслæны дондæттæн æмæ дондзæуæн хæтæлтæ ивыны куыст цæуы пъланæй тагъддӕр
Беслæны дондæттæн æмæ дондзæуæн хæтæлтæ ивыны куыст цæуы пъланæй тагъддӕр
Беслæны дондæттæн æмæ дондзæуæн хæтæлтæ ивыны куыст цæуы пъланæй тагъддӕр. Куы сцæттæ уой, уæд 37 мин цæрæгæй фылдæрæн уыдзæн æнæкъуылымпыйæ кусæг коммуникацитæ. Цæмæй нуазыны дон æнæ къуыхцыйæ æмæ хæрзхъæдæй хæццæ кæна адæммæ, уый тыххæй Беслæны ивынц 100 километрæй фылдæр доны хæтæлтæ. Проектмӕ гæсгæ ма дзы уынгты фидар кæнынц зынгхуыссынгæнæн фæрæзтæ дæр. Хауæццæгтæ æмбырдгæнæн хæтæлтæ дæр дзы æвæрынц æгас горæты. Уыдоны иумæйаг дæргъ та у 79 километры. Цæмæй уынгты уарыны дон ма æмбырд кæна, уый тыххæй та дзы къæвдайы ног донæмбырдгæнæнтæ аразынц. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, нæ республикæйы дарддæр æххæст кæнынц горæтты инженерон системæтæ сног кæныны егъау проект. 2024-æм азы кæронмæ ам баивдзысты доны хæтæлтæ æмæ къæвдайы донæмбырдгæнæнтæ иууылдæр.