Дзæуджыхъæуы 22-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ Коституци куыд зонынц, уый сбæрæг кодтой

Дзæуджыхъæуы 22-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ Коституци куыд зонынц, уый сбæрæг кодтой. Сæйраг закъоныл ацы аз æххæст кæны 30 азы. Иуæндæсæмкъласонтæн тематикон сахат сарæзта Андрей Попов. Парламенты депутат сын фыцццаг байуӕрста тестытæ. Фæрстытæ уыдысты нæ паддзахады хæдбардзинад, хицауадад æмæ конституцийы бындуры тыххæй. Зæгъæм, Паддзахадон думæйы цал депутаты ис, уый дæр базыдтой скъоладзаутæ. Афтæ, фыццаджыдæр, фæсивæдæн ис сæ бартæ æмæ хæстæ базоныны фадат, бæстæйы политикæйы фæтк бамбарын. Къаддæр рæдыдтытæ чи æруагъта, уыдонæн радтой лæвæрттæ. Ахсджиаг фарстатыл ныхас кæныны уроктæ "Иугонд Уæрæсейы" хъæппæрисæй цæуынц алы скъолайы дæр. Уый у партийы адæмон программæйы здæхтытæй иу. Конституцийы брошюрæтæ "Иугонд Уæрæсе"-йы уæнгтæ арвитдзысты ног регионтæм дæр. Фæсивæды 'хсæн та сараздзысты конкурстæ. Скъоладзаутæ куыд загътой, афтæмæй сын ацы зонындзинæдтæ тынг ахсджиаг сты.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
29 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии