Цæгат Ирыстоны райдыдта конкурс "Иры фидæн"-ы республикон къæпхæн скъоладзауты 'хсæн
Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад сабибонтæй æвзæрын кæнын. Цæгат Ирыстоны райдыдта конкурс "Иры фидæн"-ы республикон къæпхæн скъоладзауты 'хсæн. Сæ гæнæнтæ æмæ арæхстдзинад дзы равдыстой муниципалон къæпхæны уæлахиздзаутæ. Ирон æвзагыл бацæттæ кодтой æмдзæвгæтæ, зарджытæ æмæ скъуыддзæгтæ. Ацы аз архайджыты нымæц у дзæвгар фылдæр. Финалæн бахъуыд дыууæ боны. Бон раздæр мадзал ацыд Æрыдоны культурæйы галуаны. Архайдтой дзы республикæйы 6 районы минæвæрттæ. Абон та Алайнаг гимназы бындурыл ерыс кæндзысты Рахизфарсы, Горæтгæрон районты æмæ Дзæуджыхъæуы сывæллæттæ. Æркаст расидынц æрвылаз. Сбæттынц æй ирон æвзаг æмæ литературæйы бонимæ.