Гергиты Валерий архайдзæн музыкалон фестивалы
Гергиты Валерий архайдзæн музыкалон фестивалы фыццаг концерты. Мадзал сараздзысты Швейцарийы. 18-æм июлы маэстро фестивалы оркестримæ разамынд дæтдзæн Шостаковичы фæндзæм симфони æмæ БАртокы оркестронæн. Солистæй дзы архайдзæн Кристоф Барати. Традицимæ гæсгæ ма фестивалы архайдзысты Григорий Соколов, Денис Мацуев æмæ Данила Трифонов. Бафтаудзыстæм ма уый æмæ æрæджы Гергиты Валерий æмæ Мюнхены филармонийы оркестр, музыкалон сезон сæхгæдтой Германийы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Гергиты Валерий архайдзæн музыкалон фестивалы
Категория:
Новости и СМИ