"Кванториум" хоны ахуырадон модульмæ
"Кванториум" хоны ахуырадон модульмæ. 5-æм - 11-æм кълæсты ахуырдзауты исынц лæвар ахуыртæм. 8 инженерон дæсныйадæй сæ бон равзарæн у иу: райдай робототехникæйæ æмæ генетикæйæ фæуы. Ахуыртæ райдайдзысты 4-æм сентябрæй. уыдзысты къуыри 1 кæнæ 2 хатты . Цæудзысты сахат æмæ æрдæг. Уымæй уæлдай ма 17-æм августы сараздзысты дæсныйадæвдисæн ахуыртæ дæр. Уым архайджытæн сæ бон уыдзæн, цы дæсныйад равзæрстой, уый тыххæй фылдæр базонын, стæй нырыккон кусæнгарз дæр фенын. Курсытæм хи цæттæ кæнын нæ хъæуы. Сывæллæтты ахуыр кæнынц райдианæй. Бон раздæр сарæзтой райдианы мадзæлттæй иу. Уыд квесты хуызы. Сывæллæтæ дзы къордгай ӕххӕст кодтой алы дæсныйадимæ баст хæслæвæрдтæ. Æнхъæлмæ кæсынц 4-æм къласæй уæлæмæ кæй фæнда, уыдонмæ се 'ппæтмæ дæр. Уыцы карæй райдай æмæ уымæй хистæр сывæллæтты зонгæ кæнæн ис техникон дæсныйæдтимæ.