Цавæр аргъ кæнæм историйæн?
Дзæуджыхъæуы историон æмæ архитектурон цыртдзæвæнтæ бирæ ис. Алчидæр сæ дзурæг у алыхуызон цаутыл. Фæлæ сæ иуæй-иутæм цæстдард кæй нæй, уымæ гæсгæ æгомыгæй кæсынц сæ рæзты чи цæуы, уыдонмæ. Куыд бахъахъхъæн ис истори? Цы хуызы хъуамæ радзурой æвдисæн цæмæн уыдысты, уыцы цауты тыххæй? Зæгъæм, Дзæуджыхъæуы госпиталон уæлмæрлд. Историкты бæрæггæнæнтæм гæсгæ йын стыр ахадандзинад ис. Ам се нусон бынат ссардтой Фыццаг дунеон хæсты æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хæстонтæ. Фæстаг къорд азы уæлмæрдмæ цæстдард нæй. Закъонмæ гæсгæ бар ис уæлмæрд ахафын, йæ бынаты та сквер кæнæ парк скæнын. Фæлæ специалистты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм историон бынатмæ æвналын нæ хъæуы. Сæвзæрд уавæр равзврыныл бацархадта не сфæлдыстадон къорд. Дзæуджыхъæуы цæрджытæй искæй бафæрс – Госпиталон уæлмæрд кæм ис, зæгъгæ, уæд дзуапп стæм адæймаг ратдзæн. Уæвгæ æнцон ссарæн дæр нæу. Уый та уымæн æмæ хæмпæлгæрдæджы бын фæци. Адæмæй та йæхи бæлæсты фæстæ бамбæхста. Адæймаг ардæм стæм хатт æрбафты. Афтæмæй та у Дзæуджыхъæуы рагондæр уæлмæрдтæй иу. 19 æнусы горæты сарæзтой æфсæддон госпиталь. Уæд æфсæддон хайа разамынд горæты администрацийæ бар ракурдта уæлмæрдæн зæхх радих кæнын. Бавæрдтой иу дзы куыд госпаталы чи амард, уыдоны, афтæ Дзæуджыхъæуы цæрджытæй дæр йе цæг дунемæ чи ацыд, уыдоны дæр. Фæстæдæр ма дзы ныгæдтой хæстонты дæр. Афтæмæй цал адæймаджы баныгæдтой, уый банымайын дæр зын у. Фæлæ сты дæсгай мины. Йæ рæстæджы æппæты стырдæр æмæ кадджындæр уæлмæрдыл нымад уыд. Ам ныгæд сты революцийы агъоммæ азты Дзæуджыхъæуы мэр Марк Орел-Лысенко. Фенæн дзы ис æмбал кæмæн нæй, ахæм – Ястремскиты бинонты зæппадз. Хуымæтæг адæймаг æй зынтæй ссардзæн, фæлæ давджыты къухтæ уырдæм дæр фæхæццæ сты. РЦИ-Аланийы истори æмæ археологийы институты хистæр наукон кусæг Феликс Киреев: «Хъыгагæн заппадз раджы фæдавдтой. Кæд, уый бæлвырд зæгъæн нæй. Зæрдæхсаинаг ма уый дæр у æмæ ацы историон цыртдзæвæн кæлы. Æмæ йæ куы нæ бахъахъхъæнæм, уæд фесæфдзæн. Уæвгæ у иунæг ахæм хуызы конд зæппадз, азтæ сæрты нæм чи æрхæццæ, уыдонæй». Фæлæ историон нысаниуæг ис уæлмæрдæн. Историкты бæрæггæнæнтæм гæсгæ йæ цалдæр хатты зæххимæ сæмхуызон кодтой. Уымæ гæсгæ дзы цал адæймаджы ныгæд уыд, уый бæлвырд зæгъæн нæй. Фесæфт хыгъды чиныг дæр. Проекттæ «След войны» æмæ «Потерянная Осетия»-ы разамонæг Акъоты Алинæ: «Фыдыбæстæйы стыр хæсты рæстæг ацы уæлмæрд, раздæрау, уыд госпиталон. Æппæт госпитальтæй мæрдты ардæм ластой. Ома, хæсты цæфтæй, низтæй чи нал уыд, уыдоны. Уыцы рæстæджы сын цыртдзæвæнтæ чи æвæрдта?! Афтæмæй та дзы 27 æфсымæрон ингæны ис. Сæ иу дзы ссардтам æмæ йæм нæ цæст дарæм». Закъонмæ гæсгæ уæлмæрд 60-йæм азты сæхгæдтой. Уымæй 25 азы фæстæ йæ хъуамæ зæххимæ сæмхуызон кодтаиккой. йæ бынаты та скæной апркт. Фæлæ историкты хъуыдымæ гæсгæ уый кæнæн нæй. Историон цыртдзæвæныл нымад у. Уæдæ йæ бынаты парк аразын дæр раст хъуыддагыл банымайæн нæй – алыварс цалдæр километры фæзуатыл æрмæст заводтæ ис. Парк дзы кæмæн уыдзæн? РЦИ-Аланийы истори æмæ археологийы институты хистæр наукон кусæг Феликс Киреев: «Уæлмæрд хъæуы гæххттыл сфидар кæнын. Закъонмæ гæсгæ йæ хъахъхъæнын. Бацархайын, цæмæй йæ заводтæ ма фæсафой. Фæлæ йæм цæуа цæстдард æмæ зылд. Йæ алыварс дæр куы ницы арæзт цæуид. уæд хорз уаид. Ам ма ис иумæйаг æфсымæрон мемориал байгом кæнын. Баныгæнын дзы Ирыстоны алы рæтты кæй бавæрдтой, уыцы хæстонты. куыд мæм кæсы, афтæмæй Ястремскийты бинонты зæппадз дæр бахъахъхъæнын хъæуы. Цымыдисаг у, æмбал ын нæй. Кæй хæлы, уый цæуыннæ никæй зæрдæ риссын кæны. Цæуыннæ йæм исчи цæст дар?» Увæгæ, госпиталон уæлмæрды уæвæрыл ныхас алы аз дæр фæцæуы. Бæрнон дзуаппдæттæг ведомствæты кусджыты ныхæстæм гæсгæ йæ санитарон уавæр æмбæлгæ уагыл у. Ома. куыд æмбæлы. афтæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы та зæгъынц – уынаффæ хъуамæ рахæссой æрмæстдæр адæмимæ, æхсæнадимæ, специалисттимæ, историктимæ иумæйаг нахасы фæстæ. Дзæуджыхъæуы Администрацийы аивдзинады æмæ цъæх фæлысты управленийы хицауы хæдивæг Бирæгъты Аслан: «Гæнæн ис, æмæ сентябры каст цæудзæн фидæны азы бюджетмæ. Æмæ уыцы фадат куы уа, уæд æм ацы фарста дæр бахæсдзысты. Æппынфæстаг уал – кæпхæнгай. Æхсæнадон цæстæнгас хынцгæйæ, специалистты хъуыдыйыл æнцайгæйæ. Æрмæстдæр афтæмæй хъуамæ рабæрæг уа, дарддæр ацы ран цы уыдзæн, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, парк саразын дæр хорз у, фæлæ бынатæн историон нысаниуæг кæй ис, æфсымæрон ингæн дзы кæй æрæнцад, уый зæрдыл дарын хъæуы». Уæвгæ уынаффæтæ æмæ сæрмагонд хъуыдытæн рæстæг уыйас бирæ дæр нал ис. Æвæджиауы ныгæнæн рæттæ, цыртытæ æмæ ингæнтæ цадæггай хæлынц. Уæлмæрд æмбийы. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй дзы ис мемориал саразæн. Æрмæстдæр уæд баззайдзæн госпиталон уæлмæрд историон азфысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Цавæр аргъ кæнæм историйæн?
Категория:
Новости и СМИ