Ацæуæн нæй
Транскам æмæ Арвыкомы фæндаг нырма сты æхгæд. Уый тыххæй хъусын кæны Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады пресс-службæ. Уадзæн пункт Уæллаг Ларсы æнхъæлмæ кæсынц 242 хæдтулгæйы. Уыдонæй 132 сты рог машинæтæ. Бынаты байгом кодтой хъармгæнæн 2 пункты. Уымæй уæлдай ма дзы рад хæссынц медицинон кусджытæ. Уадзæн пункты районы ис бирæвæрсыг стационарон комплекс. Йæ бæстыхайы ис хæрæндон, мад æмæ сывæллоны уат, медицинон пункт æмæ хи найæн уæттæ. Транскамы та дарддæр уары мит. Уым ацæуынмæ æнхъæлмæ кæсынц 5 хæдтулгæйы. Хъармгæнæн пункт дзы ис Буроны раз. Уымæй уæлдай ма, 11 сахатыл тыхджын мит уарыны аххосæй сæхгæдтой Буронæй Цъæймæ фæндаг дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ацæуæн нæй
Категория:
Новости и СМИ