Фыццаградон хæстæ
Ивгъуыд азы федералон программæтæ Цæгат Ирыстоны бæлвырд æмгъуыдмæ сæххæст кодтой. Сæ хатдзæгтимæ æмæ УФ-премьер Дмитрий Медведевимæ цæуыл ныхас кодтой, уыимæ Битарты Вячеслав базонгæ кодта республикæйы журналистты. Уæрæсейы премьеримæ ныхас кодтой адæмы кæлæццаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны программæйыл, скъолаты, рæвдауæндæтты æмæ культурæйы хæдзæрттæ аразыны фарстатыл. Уымæй уæлдай ма ис, æнæ федералон æххуысæй бакусын кæуыл нæ бантысдзæн, ахæм хъуыддæгтæ. Цæгат Ирыстоны сбæлвырд кодтой, социалон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы 59 объекты. Сæ арæзтад æмæ рацарæзтæн уал республикæйы радих кодтой 1 миллиард сомы. Бахардз сæ кæндзысты Æрыдоны æмæ Мæздæджы рынчындæтты цалцæгыл. Мæздæджы та ма сараздзысты рæвдауæндон æмæ поликлиникæ. Уыцы æхцайæ ма Сунжæ æмæ Тарскæйы сараздзысты амбулаторитæ. «Мæскуыйы ма ныхас кодтам æндæр объекттыл дæр», - загъта Битарты Вячеслав. «Фарон республикæйы æмæ Уæрæсейы хицауад бафыстой алыхуызон бардзырдттæ. Ам ма зæгъын хъæуы уый, æмæ кæцыдæр программæтæм бахастой æрмæстдæр Цæгат Ирыстон. Фæлæ, хъыгагæн, фарон æхцатæ нæ радихг кодтой. Ацы аз та ногæй æрныхас кодтам ацы фарстатыл æмæ мын зæрдæ бавæрдтой хæстæгдæр 5 азы бæлвырд объекттæн æхца кæй радих кæндзысты, уымæй». Æрдзырдттой ма æнæниздзинад хъахъхъæныны ахсджиаг фарстатыл. Фылдæр æргом аздæхтой тарнизы ныхмæ мадзæлттæм. Тарнизы диспансеры арæзтад кæд ацы азы кæронмæ фæуыдзæн, уæддæр фарстамæ хъæуы бæстондæр æркæсын. Уæвæр бæллиццаг нæу. Низы ныхмæ профилактикон мадзæлттæ се `ппæтимæ аразын хъæуы суанг сæ сабибонтæй. Гæнæн ис, æмæ хæстæгдæр рæстæг Цæгат Ирыстоны фæзындзæн сывæллæтты тарнизы диспансер. Дзырдтой ма туризмы рæзтыл дæр. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй проект «Мамысон»-ыл ныридæгæн дзæвгар æхца бахардз кодтой. Фæлæ цæмæй æххæстæй скуса, уый тыххæй ма дзы бирæ хæстæ ис. «Цæмæй Мамысонгомæн бæлвырд экономикон нысаниуæг уа, уый тыххæй курдиат балæвæрдтон. Ног уавæртæ та хуыздæрырдæм фæзындзысты экономикæйы дæр. Уæд инвестортæ разæнгарддæрæй цæудзысты ардæм кусынмæ. Афтæмæй та рæздзæн æмæ хуыздæр кæндзæн комы инфраструктурæ дæр. Эппэт ацы фарстатыл ныхас кодтон Дмитрий Медведевимæ æмæ Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министримæ. Алчидæр райста бæлвырд амынддзинæдтæ. куыд кæсы ныр уавæр хъуамæ фæхуыздæр уа». Хицæн ныхас уыд стадион «Спартак»-ыл. Бирæ азты бындуронæй цалцæггонд нæ уыд. Бадæн бынæттæ нал бæззынц, адæмæн дзы тæссаг дæр у. Ныр рацаразинаг у. Республикæйы сæргълæууæг баныхас кодта, цæмæй сын федералон оргæнтæ баххуыс кæной, ууыл. Цæгат Ирыстон хъуамæ бацæттæ кæна стадион рацаразыны проект. Куыстытæ та фидæны аз райдайдзысты. «Сарæзтам республикæйы рæзты агентад. Ис дзы алыхуызон проекттыл чи кусы, ахæм комитеттæ. Æмгуыст кæнынц бæлвырд министрадтимæ. Иумæ бакусынц æмæ бацæттæ кæнынц алы къабæзты рæзты программæтæ. Куы сæ баиу кæнæм, уæд та рауайы фæндаггон картæйы хуызæн. Фыст дзы æрцæуынц лыггæнинаг фарстатæ æмæ хæслæвæрдттæ. Нæ хæс вæййы æппæт домæнтæ афоныл сæххæст кæнын». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фыццаградон хæстæ
Категория:
Новости и СМИ