Уналы цы æнæзакъон бырондон фæзынд, уый ссыгъдæг кæныныл сиды æппæтуæрæсеон адæмон фронт
Цæгат Ирыстоны æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ Уналы бынæттон хицауадимæ æрныхас кодтой сæ хъæуы цы æнæзакъон бырондон фæзынд, уый ссыгъдæг кæныныл. Экологон уавæрмæ æркастысты проект «Генеральная уборка»-йы фæлгæты. Скодтой хатдзæг – эпидимиологон уавæрыл хъæуы бакусын. Æмбырды архайджытæ зæрдæ бавæрдтой хъуыддагыл хуыздæрырдæм сахадын. Хъæбæр хауæццæгты бырондон хæстæгдæр рæстæг ссыгъдæг кæндзысты. Уналмæ хæстæг быроны обау сæвзæрд 60 азы размæ. Раздæр дзы уыд полигон. Ныртæккæ та у æнæзакъон бырондон. Бынæттон администраци æмæ регионалон операторы ныхæстæм гæсгæ адæм арæх сæ хауæццæгтæ æрдæг фæндагыл дæр акалынц. Бырондоны та арæх вæййы зынгсирвæзтытæ. Уый фæстæ сыхаг хъæуты сулæфæн нал вæййы. Æппæтадæмон фронты регионалон штабы æмсæрдар Цæгæраты Русланы ныхæстæм гæсгæ, бырондон хаст æрцыд интерактивон портал «Карта свалок» зæгъгæ, мæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уналы цы æнæзакъон бырондон фæзынд, уый ссыгъдæг кæныныл сиды æппæтуæрæсеон адæмон фронт
Категория:
Новости и СМИ