Гъа, ныр ахст дæ, цъиу...
Дзæуджыхъæуы фæндаджы бынты ахизæн чи ныппырх кодта, уыцы знаггадгæнджытæ дзуапп ратдзысты закъонмæ гæсгæ. Горæты Цæгат-Ныгуылæн районы паддзахадон æмæ муниципалон исбон закъонмæ гæсгæ бахъахъхъæныны уынаффæ рахастой прокуратурæйы. Уый тыххæй фехъусын кодта кусæндоны пресс-службæ. Ахæм хъуыдымæ `рцыдысты, Гугкайы-фырты номыл æмæ Мæскуыйаг уынгты тигъыл фæндаджы бынты ацæуæны знаггад кæнгæйæ видеокамерæйы цæстмæ цы æрыгон лæппутæ бахаудысты, уыдоны миты фæстæ. Æрмæг суанг Интернеты дæр апарахат. Нырма уал æбæрæг чи у, уыцы знаггадгæнджытæ ивгъуыд азы декабры горæты администрацийæн æрхастой материалон зиан. Прокурортæ сæ азымджын кæнынц «Вандализм», зæгъгæ, статьямæ гæсгæ. Хъуыддаджы хатдзæгтыл æнцайгæйæ, Цæгат-Ныгуылæн районы слестгæнæн оргæнтæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Куыд æй æххæст кæндзысты, уымæ прокуратурæ йæ цæст дарынæй зæрдæ бавæрдта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Гъа, ныр ахст дæ, цъиу...
Категория:
Новости и СМИ