Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд наркотикты ныхмæ къамисы æмбырд

Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд наркотикты ныхмæ къамисы æмбырд. Хатдзæгтæ дзы скодтой республикæйы наркотикты уавæры мониторингæн 2023-æм азы. Къамисы аппараты разамонæг Луиза Лебедева куыд фехъусын кодта, афтæмæй нæ бæстæйы президенты указмæ гæсгæ уавæр иртæст цæуы æрвылаз дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстаг æртæ азмæ наркотиктæ æнæ закъонæй чи парахат кодта, уыцы фыдракæнджыты нымæц кæны къаддæр. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, 2023-æм азы сæ нымæц уыд 572 адæймаджы, уый хыгъд 2020-æм азы 976. Куыст дарддæр цæуы наркотиктæй чи пайда кæны, уыдон бæрæг кæныныл дæр. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан фехъусын кодта бынативгæ пункт саразыны фæндон. Йе 'руаджы бæстондæрæй медицинон хатдзæгтæ кæндзысты наркотиктæй пайда кæныны цы шофырты азымджын кæнынц, уыдон. Регионы разамонæг бабар кодта ацы куысты дарддæр дæр архайын. Уымæй уæлдай, йе 'ргом аздæхта æнæниздзинад царды уаг парахат кæныны профилактикон куыст парахат кæнынмæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 459 подписчиков
12+
21 просмотр
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии