Сбæрæг сты республикæйы чемпионаты уæлахиздзаутæ уæгъдибар хъæбысхæстæй
Сбæрæг сты республикæйы чемпионаты уæлахиздзаутæ уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерыстæ цыдысты Дзæуджыхъæуы. Архайдтой дзы 250 лæппуйæ фылдæр республикæйы алы районтæй. Сæ кармæ гæсгæ уыдысты, 18 азы онг кæуыл цæуы, уыдон. Ерыс кодтой 11 уæзы. Турниры хуыздæр спортсментæ дарддæр архайдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты. Егъау ерыстæ ацæудзысты нæ республикæйы февралы райдиан. Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы хистæр тренер Рубайты Руслан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй лæппутæ хорз цæттæгонд сты. Фылдæр чи куыста йæхиуыл, уыдон æмбулынц. Гауызыл фембæлдыдтæ рауадысты цымыдисаг.