Хуссар Ирыстоны 9 июльы уыдзæн Парламенты æвзæрстытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Хуссар Ирыстоны 9 июльы уыдзæн Парламенты æвзæрстытæ. 15 азмæ фыццаг хат хъæлæс кæндзысты æмхæццæ-бæлвырд сæрмагонд системæмæ гæсгæ. Уый фæлгæты Парламенты нысангонд ис 34 бынаты. Се*рдæгмæ æвзардзысты партиты номхыгъдмæ гæсгæ. Иннæтæт та - Иумандатон зылдты хуызы. Хуссар Ирыстоны Центрон Æвзарæн Къамис срегистраци кодта 7 политикон партийы. Уыдон сты партитæ «Иугонд Ирыстон», «Адæмы иудзинад», «Ныхас», Адæмон парти, Комунистон парти, «Иудзинад» æмæ «Фыдыбæстæ». Уыди ма дзи иу - «Родина», фæлæ йæ Къамис æвзæрстытæн нæ бауагъта. Уымæй уæлдай ма регистраци скодтой нæуæдз фараст кандидаты, 17 Иумандатон зылдæй. Уыдонæй 60 - Хадбар кандидаты сты, 39 та хъаппарисджын къордты фæндонæй чи цæуы æвзæрстытæм, ахæмтæ. Ныр Хуссар Ирыстоны йæ тæмæны бацыд агитацион кæй хонынц, уыцы рæстæг. Цалдæр боны, Паддзахадон телерадиокомпани «Иры», комкоммæ эфиры цæуынц теледебаттæ. Ныридæгæн ахицæн сты 3-æм хат. Депутат суæвын кæй фæнды, уыдон радыгай æмбæлынц кæрæдзиимæ æмæ бæлвырд ныхс кæнынц, ахджиаг фарстатыл. Фидæны раст æмвæзадыл æцæуын куыд хъæуы, уый фарс хæцынц. Адæммæ сæ хъуыды хæццæ кæнынц æмæ сын ныфс æвæрынц. Дзурынц Хуссар Ирыстоны цæрджыты цы тыхсын кæны, ууыл. Куыстыбынæттæ фаг кæй нæй, уый. Кæлæддзаг уавæрмæ цы æхсæнадон бынæттæ æрцыдысты, уыдон сног кæнын, куысты мыздтæ æмæ пенситæ фæфылдæр кæнын. Ахсджиаг фарста - экономикæйы уавæр. Йæ райрæзтыл куыд бакусын хъæуы, уый тыххæй кандидаттæ сæ курдиæттæ хъусын кæнынц. Æндæр ахсджиаг къабæзтыл дæр фæлгæсынц. Дебаттæ цæуынц фæткмæ гæсгæ: фиццаг хъæуы æвзарæн программæ радисын, стæй амонджыты æмæ кæрæдзийы фæрстытæн дзуæппытæ раттын. Центрон Æвзарæн Къамисы сæрдар Плиты Беллæйы ныхæстæм гæсгæ, хъæлæс кæнынмæ бацæттæ кодтой 40 мин хуынды билеты. Бафтаудзыстæм ма уый æмæ фæстаг бæрæггæнæнтæн гæсгæ, ныртæккæ Хуссар Ирыстоны цæры 53 мин адæймаджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хуссар Ирыстоны 9 июльы уыдзæн Парламенты æвзæрстытæ

Категория:

Новости и СМИ