Кæнæ - уардзæн, кæнæ - нæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Уырыссагау «лежачий полицейский» кæй хонынц, уыцы ахсджиаг фæрæз æнæсæрфат шофырты уромынæн у. Сæвæрынæн ын фадат ис бирæ рæтты, уыцы фæтк бæлвырд у. Ахæм хъæппæрисæн хъуамæ уа барадон бындур. Фæлæ хатт уыдæттæ фыст дæр никæмæ вæййынц. Уымæн æвдисæн – зæгъæм, Алагиры Кировы номыл уынджы цы хабæрттæ цæуы, уыдон. Чи дзы уыцы фæрæзы сæрыл хæцы, кæмæн та йæ цæстысындз фестад. Алагиры Кировы уынджы цæрджытæ ацы хъуыддаджы кæрæдзиимæ ныхмæ кæны ныр æртæ азы бæрц. Сæ иуты, уынджы, уырыссагау «лежачий полицейский», зæгъгæ, фæрæз кæй нæй, уый катайы `фтауы. Хæдтулгæтæ æхсæвæй-бонæй уыджы сыххуыт кæнынц. Цæрджытæ уæлдай тыхст боныгон вæййынц. Сывæллæттæ дуармæ куы фæхъазынц, уæд Фæндагыл ахæм цæлхдур сæвæрыныл разы сты 16 бинонтæй. Бынæттон администрацимæ дæр ма сæ курдиæттæ балæвæрдтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, æркастысты йæм æмæ цæрджыты фæндон сæххæст кодтой. Фæлæ адæмы цин бирæ н` ахаста. Уайтагъд æй фæстæмæ фелвæстой. 6 мæйы рацыд æмæ та йæ ногæй байтыдтой. Уæвгæ бирæ дзы нæ афæстиат. Чысыл рæстæджы фæстæ та йæ ныххафтой. Адæм, куыд фæзæгъынц, хæлиудзыхæй аззадысты. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы рака-бакæ иууылдæр сæ сыхаджы аххæстæ сты. Сæ фæнд сæххæст кæныны тыххæй администрацимæ къахихсыд баисты. Фæлæ уыцы иунæг цæрæг се `ппæтæй тыхджындæр разыны. Цæмæн, уымæн дзуапп радтын никæй бон у. Фæлæ йын районы разамынды йæ фæндоныл дыууæ ничи фæзæгъы. Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы уынджы цалдæр азы размæ æрцыд фæнддагон фыдбылыз лæгмæрдтимæ. Уый фæстæ дæр ацы хъуыддагмæ сæ цæст не `рдардтой. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй барæй æвæрд цæлхдур æмбæлгæ домæнтæм гæсгæ нæ сæвæрдтой. Стæй, дам, ацы ран ницы пайда у. Ома, дзы хæстæг нæдæр скъола ис, нæдæр рæвдауæндон. Алагиры районы автоинспекцийы сæргълæууæг Чертхъоты Владимир: «Мах администрацийæ бадомдтам, цæмæй йæ сæвæрой кæнæ аккаг домæнтæм гæсгæ, кæнæ та йæ бынтондæр айсой. Ацы фæндаг, бæллæхæй тæссаг кæм у, ахæмты номхыгъдмæ нæ хауы. Кæд администраци разы у йæ сывæрыныл, уæд мах дæр». Мах фæндыд ацы хъуыддаджы фæдыл бынæттон администрацимæ фæрстатæ радтын, фæлæ нæ бакуымдтой. Аныхас кодтам æрмæстдæр телефонæй. Алагиры районы администрацийы капиталон арæзтады хайады разамонæг Гæбуты Юрий: «Ахæм уынаффæ рахаста, фæндаджы æдасдзинадмæ чи кæсы, уыцы къамис. Ис нæм ахæм. У иумæйагæй хаст уынаффæ æмæ паддзахадон автоинспекцийы фæндон». Хъуыддаг бынтон нылхынцъ. Цæрджытæ дыууæ къордыл адих сты æмæ кæрæдзимæ зулцæстæй кæсын райдыдтой. Уæвгæ ахæм барæй конд цæхдуртæ кæмфæнды æвæрæн нæй. Закъоны бæлвырдæй амынд сты уыцы рæттæ. Фæлæ ма уыцы закъоны ис иу фиппаинаг: адæм сæ цурты цæуæг фæндаг тæссагыл куы нымайой, уæд сын сæ курдиатмæ администраци хъуамæ йæ хъус æрдара. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Кæнæ - уардзæн, кæнæ - нæ

Категория:

Новости и СМИ