Рухс федта æмдзæвгæ «ALOLAI»-ыл конд видеоклип
Рухс федта Хетæгкаты Къостайы ныхæстыл фыст æмдзæвгæ «ALOLAI»-ыл конд видеоклип. Заргæ та йæ кæны музыкант Бесолты Фатимæ. Видеоклипы нывтæ, зарæджы зæлтæ арф хизынц адæймаджы зæрдæмæ, æвзæрын æм кæнынц ирд æнкъарæнтæ. Бирæтæ сæм сæ цæстысыгтæ нæ бауромынц. Бесолты чызг æрхъуыды кодта фæлмæн, фæлæ тыхджын вокалон истори. Клип систой Мæскуымæ хæстæг ран Абрамцевойы. Премьерæйы кой ныртæккæ кæнынц социалон хызæгты дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Бесолты Фатимæ каст фæци Уæрæсейы музыкалон академи. Зары канд иунæгæй нæ, фæлæ ма къордты дæр. Йæхи фæлвары музыкæйы ахæм хуызтæй, куыд джаз, соул, фанк, стæй театры дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Рухс федта æмдзæвгæ «ALOLAI»-ыл конд видеоклип
Категория:
Новости и СМИ