Сывæллæтты журнал "Ногдзау"-ы сфæлдыстадон æркасты уæлахиздзаутæн модельер Уататы Заринæ сæрмагонд

Дидинæг, зæрдæ, хъама, хæрдгæбыд, кæнæ та Къостайы уацмыстæй зæрдæагайæг рæнхъытæ: иууылдæр сæ ис ирон адæймаджы уды хъæд, йæ цин, йæ рис, йæ бæллицтæ. Модельер Уататы Зæринæ хъуымац æмæ ахорæнтæй поэты æнкъарæнтæ ирдæй равдыста. Йе сфæлдыстад ын уарзы скъоладзау ма куы уыд, уæдæй нырмæ. Мæскуыйы Кремлы равдыста коллекци "Æгас дуне — мæ кувæндон", зæгъгæ. Цы уæлæдарæс дзы уыд, уыдонæй иу дæр æнæ аккаг аргъӕй нæ баззад. Ныр Уататы Зæринæйы къухтæй конд дзаумæттæ дарынц не стыр бæстæйы алы сахарты цæрджытæ. Уæд Ирыстоны минæвар хаст æрцыд Уæрæсейы хуыздæр 5 модельеры хыгъдмæ. Журнал "Ногдзау"-ы сæйраг редактор Сæлбиты Дианæимæ иумæ сфæнд кодтой, цæмæй ахæм æрдхæрæны лæвæрттæй сбуц кæной литературон конкурс "Ногдзаутæ"-йы уæлахиздзауты. Йæ райгуырæн зæхх чи уарзы, йæ хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ фыдæлты æвзагыл нывæндын чи зоны, уыцы сывæллон ахæм уæлæдарæс буц æмæ сæрыстырæй дардзæн. Литературон æркаст "Ногдзаутæ" ацыд ныр цыппæм хатт. Жюри æркастысты 100-йæ фылдæр куыстмæ. Архайдджытæ - Цæгат æмæ Хуссар Иры скъолаты 5-11 кълæсты ахуырдзаутæ. Сæ курдиат равдыстой 2 жанры: прозæ æмæ поэзийы. Домæнтæн сæ сæйрагдæр - хифыст æмдзæвгæ, радзырд, аргъау кæнæ эссе. Конкурсон куыстытæм æркаст сæрмагонд жюри: Дзасохты Музафер, Будайты Милуся, Годжыцаты Георгий, Санахъоты Маринæ, Плиты Инал æмæ Сæлбиты Дианæ. Хуыздæртæ хорзæхгонд æрцыдысты кады гæххæттытæ, майдантæ, сæрмагонд кубоктæй æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Уататы Зæринæйы сæрмагонд лæвæрттæй. Цæллагты Вадим у гимназ "Диалог"-ы 9-æм къласы ахуырдзау. Æркастмæ æрбарвыста йæхи фыст æмдзæвгæ. Бацахста фыццаг бынат. Уæлахиздзауты куыстытæм æркæсдзæн модельер Уататы Зæринæ дæр. Ирд тæлмæн зæрдæйы цы рæнхъытæ ныууадзой, уыдон æрбынат кæндзысты йæ коллекцийы уæлæдарæсыл. Уадз, æмæ, йæ мадæлон æвзагыл стырзæрдæ чи нæ кæны, уыцы фæсивæдæн ног æмæ ног уæлахизтæ æфта сæ къухты 'фта. Уæд нæм нæ фидæн дæр, иронау дзургæ, худдзæн. Дзæдзойты Фатимæ

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
54 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии