Абон Уæрæсейы археологтæ бæрæг кæнынц сæ профессионалон бон
Абон Уæрæсейы археологтæ бæрæг кæнынц сæ профессионалон бон. Ацы дæсныйад фæзынд 18 æнусы. Абон дæр ын ис стыр ахадындзинад. Археологтæ нæ зонгæ кæнынц алы рæстæджы культурæ æмæ цардыуагимæ. Архелогты фыдæбоны руаджы музейты фенæн ис историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм экспозицитæ. Бæрæгбоны агъоммæ Цæгат Ирыстоны экспедици баиу кодта нæ республикæйы æмæ Цæцæны ахуыргæндты. Археологтæ кусынц иумæйаг арæнтыл газы хæтæл «Мæздæг-Грозна»-йы зонæйы. Ахуыргæндтæ ныридæгæн ссардтой 30 ингæны. Цæгат Ирыстоны археологон экспедицийы разамонæг Владимир Малашев куыд загъта, афтæмæй нæ эрæйы 3-аг æнусы фыццаг æмбисæй ссардтой бирæ культурон хæзнатæ. Цæгат Ирыстойнаг экспедици археологон къæхтытæ Мæздæджы районы, Цæцæны республикæйы минæвæрттæ та Надтеречныйы районы. Куыстытæ фæуын нысан кæнынц афæдзы кæронмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абон Уæрæсейы археологтæ бæрæг кæнынц сæ профессионалон бон
Категория:
Новости и СМИ