Рох нæ уыдзысты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

8 лет назад

Абон Уæрæсейы мысынц Хуссар Ирыстоны 5 боны хæсты чи фæмард, уыдоны. 2008 азы 8 августы Гуырдзыйы æфсæдтæ æппæтадæмон бадзырдты сæрты ахизгæйæ æхсæвыгон Хуссар Ирыстонмæ æрбабырстой. Бирæ адæм дзы фæмардысты. Уымæй фылдæр та цæфтæ райстой. Се хсæн Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ, хæцæнгарзимæ бархионтæ. Хуссар Ирыстоны мысæн мадзæлттæ райдыдтой «Музей сожженных душ»-ы. Æхсæнады минæвæрттæ æмæ республикæйы уазджытæ «Хъыджы символы» монументыл сæвæрдтой дидинджытæ. Ацы номарæн цырт æрбынат кодта адæм Чъребайæ цы фæндагыл лыгъдысты, уым. «Музей сожженных душ»-ы æрымбырд кодтой гуырдзыйаг æфсæддонтæ цы машинæтæ æмæ хæдтулгæтæ æхстой æмæ фехæлдтой, цы хæцæнгæрзты хуызтæй æхстой, уыдон. Акци «Память нужна живым»- ы фæлгæты абалц кодтой Цхинвалы «Георгийы асин» кæй хонынц, уымæ. Ис Хуссар Ирыстоны Парламенты цур. Иу минут æдзæмæй алæугæйæ ссардтой 2008 азы августы чи фæмард, уыдоны нæмттæ Акцийы архайджытæ ссыгътой цырæгътæ, Георгийы асиныл сæвæрдтой дидинджытæ. Ацы бон нæ хуссайраг æфсымæрты фарсмæ æрбалæууыд Цæгат Ирыстоны делегаци дæр. Се`хсæн нæ республикæйы Парламенты депутат Челдыты Витали. Нациты хсæн ахастдзинæдты фарстаты министры хæдивæг Багъиаты Алан, æхсæнадон змæлд «Иры Стыр ныхас»-ы сæргълæууæджы хæдивæг Еналдыты Хъазыбег æмæ организаци «Хæстон æфсымæрад»-ы республикон хайады разамонæг Золойты Игорь. Мадзалы архайджытæ «Музей сожженных душ»-мæ æрбахастой дидинджытæ. Архайдтой Парламенты цур цы мысæн минтинг уыд, уым. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Рох нæ уыдзысты

Категория:

Новости и СМИ