Николаевская станицæйы сылгоймæгтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ æрвитынц сусæггæнæн хызтæ
Зæрдæйы хорз ахастимæ æмæ æнæмæнг адæмон зарджытимæ. Тыхст æмæ къуылымпыдзинæдтæ аззайынц ацы агъуысты дуары æддæ. Афтæмæй бийынц сусæггæнæн хызтæ. Сылгоймæгтæ сæ æрмæджыты бавæрынц сæ уды хай. Хъæддыхæй сæ уырны, сæ узæлд, уарзондзинад æмæ къухты хъарм, æнæмæнг, æфсæддонтæн æххуыс кæй уыдзысты. Фæлладуадзæн бонты суанг изæрмæ фæкусынц. Сылгоймæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй се змæлд мурдæр нæу хæстонты архайды раз. Хызтæ бийын райдыдтой сæрды. Зын уыд, фæлæ сын рæстæгимæ хуыздæр уайын райдыдта. Фыццаг бонæй фæстæмæ йæ къухты тых æфсæддонтæн чи нæ æвгъау кæны, уыдоны 'хсæн ис Ирина Самкова. Йæ лæппу ныртæккæ сæрмагонд æфсæддон операцийы бынаты ис. Сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй ам архайгæйæ йæ миддуне æрсабыр вæййы. Йæ фарсмæ сты йæ хæлæрттæ, уыдон ын ныфсытæ авæрынц, уыимæ сты иу хъуыддагыл хæст. Анна Ткаченко та ныртæккæ сабийы райгуырды фæдыл отпускы ис. Штабмæ æрбацæуын ын арæх нæ рауайы, уымæ гæсгæ æххуыс кæны хæдзары уæвгæйæ. Йæ мадимæ сæрмагонд тæрхæг сарæзтой æмæ уый æххуысæй кусын райдыдтой. Ныртæккæ иу хыз сбийынц дыууæ бонмæ. Дæсныты змæлд ам æнæнхъæлæджы фæзынд. Марина Маликова куыд радзырдта, афтæмæй "Шьем и вяжем для наших", зæгъгæ, æхсæнадæй йемæ æрласта хъæугæ æрмæджытæ. Хыз сбийын йæхæдæг фæнд кодта, фæлæ йæ фарсмæ æгас станицæйæ æрбалæууыдсты. Уæд сæм фæзынд хъуыды фæлладуадзæн бонты ам æмбырд кæнын. Хызтæ цæттæ кæнынц хъарм чи нæ уадзы, ахæм æрмæджытæй. Уый 'руаджы дронтæ сæ быны адæймаджы нæ раиртасынц. Æфсæддонтæ æрмæджытæ цавæр хуызы уыдзысты, уый сæхæдæг равзарынц, цы бынаты вæййынц, уый хынцгæйæ. 8 мæймæ сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ арвыстой 130 хызы. Иууылдæр конд сты лæппуты курдиæттæм гæсгæ. Сылгоймæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ фæллойæн сæ æхсызгондæр лæвар у, æфсæддонтæ тагъддæр сæ хæдзæрттæм куы сæмбæлой, уый.