Воронежы сбæрæг кодтой Хетæгкаты Къостайы райгуырды боны 160 азы юбилей

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Воронежы сбæрæг кодтой Хетæгкаты Къостайы райгуырды боны 160 азы юбилей. Ирон литературæйы бындурæвæрæджы номыл бæрæгбон саразын уыд Троепольскийы номыл чиныгдоны хъæппæрис. Йæ фарс рахæцыд Воронежы цæрæг ирæтты æхсæнад дæр. Мадзалы архайдтой цæгатирыстойнаг минæвæрттæ. Сфæлдыстадон изæр райдыдта Цæгат Ирыстоны культурæйы министрадимæ видеоконференцийæ. Уый фæстæ мадзалы архайджытæн равдыстой Къостайы цардвæндаджы æмæ йе`мзæххонты тыххæй чысыл-спектакль. Зæгъæм, хъайтартæй иу зындгонд дирижер Гергиты Валерий. Уазджытæн бакастысты Къостайы æмдзæвгæтæ уырыссаг æмæ ирон æвзагыл. Уазджыты`хсæн Воронежы алы диаспораты минæвæрттæ, Национ палатæйы æмæ горæты культурæйы разамынды уæнгтæ. Кæронбæттæны се`ппæт дæр сахуыстой ирон чъиритæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Воронежы сбæрæг кодтой Хетæгкаты Къостайы райгуырды боны 160 азы юбилей

Категория:

Новости и СМИ