Дзæуджыхъæуы ацыд республикон турнир шахмæттæй

Логикæ, хиуылхæст æмæ хъуыдыкæнынад. Ахæм миниуджытæ хъуамæ уой, шахмæттæй чи хъазы, уыцы адæммæ. Уыимæ ма кæсын æмæ пайда кæнын дунейы зындгонд спортсменты фæлтæрддзинадæй. Ерыстæм хи бæстонæй бацæттæ кæнын æмæ уæд æнæмæнг къухы æнтыстдзинæдтæ 'фтдзæн. Ныхмæлæуды рæстæг бæстæ ныссабыр вæййы, æрмæст ма фæхъуысы рæстæг нымайæн кънопкæйы уынæр. Есенаты Тимур шахмæттæй ног азы агъоммæ республикон ерысты архайæг у. Адæймаджы хъуыдыкæнынад цы спорты хуыз рæзын кæны, уымæй архайы 3 азы. Йæ ныййарджытæ йæ сразæнгард кодтой. Алывæрсыг йæхиуыл кусы, æрхъуыды кæны ногдзинæдтæ, цæмæй ныхмæлæууæгæй æнтыстджынæр рауайа. Уæдæ йæ уарзон хъазтæй хæдзары йæ мадимæ сæхи ирхæфсынц, æмæ кæд лæппуйыл 9 азы цæуы, уæддæр æй рамбулы. Æмæ та мæнæ ныр дæр хъуыдыкæнынад, æмæ техникæйы руаджы радон парти рамбылдта. Фембæлд тагъд фæцис, фæлæ рауад цымыдисаг: 20 минутмæ ныхмæлæууæг басаст йæ лæмæгъдзинадыл, тæрхонгæнæг фæнысан кодта уæлахиздзауы. Шахмæтты скъолайы сæмбырд 100 архайæджы, сæ фылдæр сты лæппутæ. Се 'хсæн ацы фæндагыл ныртæккæ чи æрлæууыд, ахæм спортсменкæтæ дæр ис, сты арæхстджын. Уаниты Заирæ раздæр кафджыты къордмæ цыд. Шахмæтты спортæн республикæйы хъæздыг традицитæ ис. Æппæты зындгоддæр шахматист ирон лæппу Дреты Алексей сси дунеон олимпиадæты æртæ хатты уæлахиздзау. Фæстаг рæстæг ацы хъазт ногæй парахат кæны. Специалисттæ йын йæ райрæзтыл архайынц. Ацы ерысты чысыл архайджытæй се 'ппæты дæр фæнды дунейы хуыздæр спортсменты æмрæнхъ æрлæууын. Ахæм турниртæ сын хорз æххуыс сты, фылдæр кæны сæ фæлтæрддзинад, хизынц уæлдæр къæпхæнтæм. Уæлахиздзаутæ райсдзысты æхцайы лæвæрттæ æмæ кубоктæ, призертæ та майдантæ æмæ Кады гæххæттытæ. Мадзаларазджытæ - республикæйы шахмæтты Федераци æмæ Дзæуджыхъæуы политехникон техникум.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
39 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии