Дауыраты Дамир 80 азы юбилей
Абон йæ 80 азы юбилей сбæрæг кодта нæ республикæйы номдзыд фыссæг, прозаик, Уæрæсейы Федерацийы æмæ Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Дауыраты Дамир. Райгуырд 1939 азы, Хуымæллæджы. Дауыраты Дамир стыр æвæрæн бахаста литературæмæ. Йæ сфæлдыстадон фæндаг райдыдта скъоладзауæй. Уæд фыста æмдзæвгæтæ. Чысыл фæстæдæр йæхи фæлварын райдыдта прозæйы. Йæ уацмысты алкæддæр æвдыста рæстæдзинад." Сæрдыгон фæткъуытæ", "Сабидуджы фæлмæн къæвда" æмæ ма бирæ документалон уацмыстæ. Юбилерæн арфæйы ныхæстæ ракодтой йе мкусджытæ, хæлæрттæ æмæ йæ аивалуарзджытæ. Аивадæн кæддæрриддæр кодта сыгъдæгзæрдæйæ лæггад. Уарзы йæ фыдыбæстæ æмæ йыл алкæддæр у æнувыд. Йæ ныхæстæм гæсгæ фæсивæдæн хистæртæ алкæддæр хъуамæ фæзминаг уой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дауыраты Дамир 80 азы юбилей
Категория:
Новости и СМИ