Национ парчы «Алания» йы фæзындзæн туристтæн экологон балцвæд
Цæгат Ирыстоны национ парк «Алания»-йы фæзындзæн фыццаг балцвæд туристтæн. Йæ дæргъ уыдзæн цыппар километры. Экологон балцвæдыл рæхджы ауайæн уыдзæн хæххон цæугæдон-Харисыдон кæм ис, уый дæлвæзты. Фенæн дзы уыдзæн Галдурыдоны æхсæрдзæн. Экологон фæндаджы сæйраг нысан у цъитиджын хæхтæ æмæ æрдзон цыртдзæвæнтæй адæмы зæрдæтæ барухс кæнын. Афтæмæй республикæйы цæрджытæн æмæ уазджытæн равдисæн уыдзæн, нæ фыдæлтæй цы культурон цыртдзæвæнтæ баззад, уыдон. Историон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекттæй уæлдай ма, æрдзы хъæбысмæ чи араст уа, уыдонæн фадат фæуыдзæн Сырх Чиныгмæ хаст сырдты æмæ зайæгойты фенынæн. Æппæты рæсугъддæр æрдз ам вæййы майæ октябрмæ рæстæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Национ парчы «Алания» йы фæзындзæн туристтæн экологон балцвæд
Категория:
Новости и СМИ