Ирыстоны фидауц
Уымæй уæлдай ма абон республикæйы сæргълæууæг фембæлд дунеон чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй æрыгæтты хсæн Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзаутимæ. Битарты Вячеслав раарфæ кодта фæсивæдæн сæ æнтыстдзинæдты фæдыл. Сæрдыгон Олимпаг хъæзтыты æрыгæтты хсæн Буæнос-Айрæсы нæ дзюдоисткæ Хубулты Иринæ æмæ уæгъдибар хъæбысæйхæцæг Козырты Сергей Уæрæсейы иугонд командæйæн æрхастой сыгъзæрин майдантæ. Сидахъаты Заурбек та йæхи иттæг хорз равдыста дунеон чемпионат спортивон хъæбысхæстæй Будапешты. Сси чемпион. Уæлдай бузныг республикæйы сæргълæууæг загъта тренертæн. Фæбæрæг кодта, спортсменты æнтыстытæ сæ хистæрты сгуыхтдзинæдтæ дæр кæй сты,уый. фембæлды архайджытæ Битарты Вячеславы къухтæй райстой бузныджы гæххæтытæ æмæ æхцайы премитæ. Уыдон дæр бузныджы ныхæстæ загътой республикæйы разамындæн ,спортмæ сæ цæст кæй дарынц,уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ирыстоны фидауц
Категория:
Новости и СМИ