Стыр Ныхас
Ацы аз фыццаг хатт ацыд «Стыр Ныхас»-ы Координацион Советы уæнгты æмбырд. Æрдзырдтой дзы цалдæр ахсджиаг фарстайыл. Фыццаджыдæр, се `ргом аздæхтой афæдзы пъланмæ. Раздæр дæр ыл ныхас кодтой, ныр хъуыддагмæ æрцыдысты. Абон æй сфидар кодтой. Цы нысæнтæ æмæ хæслæвæрдтæ дзы ис, уыдоныл лæмбынæг кусдзысты. Зæгъæм, сæ иу – «Æхсæны тæрхон» саразын. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй сæ хъæппæрис хуыздæрырдæм сахаддзæн адæмы царды уаг æмæ мидварныл. Дарддæр ма равзæрстой Стыр ныхасы координацион Советы сæрдары ног хæдивæджы. Уыцы бынат бацахста Еналдыты Хъазыбег. Уымæй размæ дзы йæ куыст бæрнонæй кодта Хуытиаты Таймураз. Фæлæ йе `нæниздзинад иууыл хорз кæй нæу, уый фæдыл балæвæрдта курдиат, цæмæй йæ суæгъд кæной. Бирæ азты æнæзæрдæхудт фæллой кæй фæкодта, уый тыххæй йын Кучиты Руслан арфæ ракодта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Стыр Ныхас
Категория:
Новости и СМИ