Ирон театр байгом кодта йæ 86 театралон сезон спектакль Ричард III йæ
Ирон театр та абон аивадуарзджытæн бакодта йæ рæдау дуæрттæ. 86 театралон сезоны райдиан та сценæйæ Шекспиры æнæмæлгæ уацмысы хъайтартæ сдзырдтой ирон æвзагыл. Шекспиры уацмыстыл рӕстӕг нæ тых кæны. Уæдæ спектакль Ричард III дæр ивгъуыд сезоны театрдзауты зæрдæтæ балхæдта. Æрæджы та йын стыр аргъ скодтой Хуссар Ирыстоны сценæйыл. Ис, æнæмæнг, театры размындмæ фидæнмæ нысæттæ дæр. Фӕнд кӕнынц равдисын уырыссаг ӕмӕ фæсарæйнаг классикты уацмыстæ. Тагъ рæстæджы та ацы спектакль равдисдзысты Мæскуыйы сценæйыл дæр фестиваль «Золотой Витязь»-ы фæлгæты. Ирон театр рæстæгимæ æмдзу кæны, аразы алыхуызон мадзæлттæ, цæмæй театрдзаутæ спектаклтыл æхсызгондæрæй æмбæлой. Æрæджы дæр та театралон сезоны агъоммæ сарæзтой мадзæл. Йæ фæлгæты рамбулæн уыдис æнæхъæн театралон спектакльтæм кæсынæн амондджын билет. Абон йæ хицау сбӕрӕг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv