Комкоммæ ныхас
Ацы сахат та Битарты Вячеслав ис Кировы районы. Радон хат сарæзта фембæл республикæйы районты цæрджытимæ. Ныртæккæ ис Змейкæйы. Цы аиуварсгæнинаг хъуыддæгтæ ис, уыдонимæ æрбацыдсты республикæйы сæргълæууæгмæ Змейкæйы станицæйы, Став Дурты æмæ Ираны хъæуы цæрджытæ. Фембæлд цæуы культурæйы бынæттон хæдзары. Адæм уæлдай æргом аздæхтой хæдзæрттæм дон къуылымпытимæ кæй цæуы, уымæ. Фылдæр хат та сæм уæвгæ кæлгæ дæр нæ фæкæны. Нæ республикæйы сæргълæууæгмæ ма æрбацыдысты Змейкæйы скъолайы кусджытæ уыдон дæр радзырдтой цы фарстатæ сæ тыхсын кæны уый тыххæй. Бынаты кусы нæ уацхæссæг Къуымæлæгкаты Фатимæ. Уый аныхас кодта цæрджытимæ. Цы фарстатæ сæм ис уый базыдта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Комкоммæ ныхас
Категория:
Новости и СМИ