Спортивон куырдадз

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Цæгат Ирыстон цы къабæзты фесгуыхт, уыдонæй иу у спорт. Нæ кадджын фæсивæды нæмттæ зындгонд сты æнæхъæн дунейы. Ном кæнынц канд сæхицæн æмæ сæ къабæзтæн нæ, фæла ма сын цард чи фенын кодта, уыцы уæзæгæн дæр. Нæ абоны æрмæг - Горæтгæрон районæй. Зæгъæн ис, æмæ ацы ран ис республикæйы спортивон куырдадз. Гаджиты Тамерлан уæгъдибар хъæбысхæстæй ерыстæм фыццаг хатт йе `ргом аздæхты, телевизорæй сæ куы федта, уæд. Лæппу цæхæртæ скалдта, тынг æй бафæндыд зандгонд спортсмен суæвын. Йæхиуыл кусын райдыдта дыууæ азы размæ. Тырны уæлахизтæм. Уæгъдибар хъæбысхæст Цæгат Ирыстоны рагæй ссис национ споры хуыз. Уæлдай тыгдæр дзы басгуыхстысты Горæтгæрон районы. Ныронг сын цы бантыст, уымæй уæлдай бынæттон скъолайы хæрзтæ бæрæг дарынц фæсивæдыл. Тохы бацæуынц, фæнды сæ уæлахизтæм, стæй кад кæнынц сæ райгуырæн республикæйæн дзюдоисттæ дæр. Уæрæсейы иугонд командæйы уæнгты `хсæн сты ацы скъолайы хъомылгæнинæгтæ дæр - Таймазты Мæдинæ æмæ Хъайсынты Мæдинæ. Сæ фыццаг бонæй фæстæмæ сты тренер Джиоты Герасы къухы. Йе `рмдзæф бæрæг дары - йæ ахуыргæнинæгтæ бирæ хæттыты уыдысты алыхуызон ерысты уæлахиздзаутæ. Фæлæ цыфæнды бæрзонд бынæттæ куы ахсой спортсментæ, уæддæр сæ тренерæй рох не сты. Спортивон скъолайы разамынды ныхæстæм гæсгæ, кусынц алывæрсыгæй. Æмхиц кæнынц фæсивæды спортмæ, уый иу хъуыддаг у. Фæлæ канд æнæниз уой, уый тыххæй нæ. Аразынц сæ, дунеон фæзтыл чи фæуæлахиз вæййы, ахæм дæснытæ. Спортивон ахуыргæнæндоны ис фондз хайады. Уæгъдибар хъæбысхæстæ æмæ дзюдойæ дарддæр ма фæсивæдæн фадат ис уæззау атлетикæ, самбо æмæ боксы секцитæм дæр цæуынæн. Йæ хъомылгæнинæгты нымæц хæццæ кæны дыууæ минмæ. Ардæм цæуынц районы 12 хъæуæй. Республикæйы спорт уарзынц стыр хорзæхау. Уæдæ нæ фæсивæд дунеон ерысты сæхи куыд равдисынц, уый дæр фенæм. Дарддæр дæр афтæ уыдзæн. Ног фæлтæртæ сæ размæ `вæрынц ног нысæнттæ. Афтæмæй та уæлахизтæм дæр бирæ нал баззад. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Спортивон куырдадз

Категория:

Новости и СМИ