Дзæуджыхъæуы пъæлицæйæгтæ æрцахстой давæджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны раргом кодтой зынаргъ згъæрæй конд дзауматæ адавыны хъуыддаг. Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы 1-æм хайадмæ æххуысагур æрбацыд бынæттон сылгоймаг. Куыд радзырдта, афтæмæй йæ фатерæй фесæфт зынаргъ згъæрæй конд дзауматæ. Ныггаффутт æй кодтой, сылгоймаг хæдзары куы нæ уыд, уæд уыцы рæстæг. Фыдгæнджытæ дзы мулк рахастой 900 мин сомы аргъ. Пъæлицæйы кусджытæ цырд фæлæууыдысты. Сгарæн-агурæн мадзæлтты фæрцы ссардтой фыдгæнæджы. Уый разынд Заводы поселочы цæрæг 35-аздзыд нæлгоймаг. Фæстæдæр уый пъæлицæйы хайады йæ аххосыл басаст. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй йæ фыдракæнд саразынмæ ацардыдтой йæ царды зын уавæртæ. Куыд сбæрæг, афтæмæй нæлгоймаг гæды миты руаджы сылгоймаджы фатеры дæгъæлтæ радавта. Уый фæстæ æнæкъуылымпыйæ рахаста зынаргъ згъæрæй конд дзауматæ æмæ сæ ауæй кодта. Æхцайы фæрæзтæ бахардз кодта хи пайдайæн. Ныртæккæ нæлгоймаджы ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы пъæлицæйæгтæ æрцахстой давæджы

Категория:

Новости и СМИ