Мæздæджы фæндæгтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Лæгъз фæндæгтыл цæуын Мæздæджы районы цæрджытæн се стырдæр бæллиц у. Кæ сæххæст уыдзæн, уымæн алы мгъуыдтæ уыд. Ацы аз дæр та сын зæрдæ æвæврынц – фæззæджы. Мæздæджы æмæ районы фæндæгты уавæр банывыл кæнынæн радих кодтой 180 милуан сомы. Фыццаджы-фыццагдæр базилдзысты Мæздæджы сæйраг уынгтæм. Цавæртæм, уый нæ дарддæры æрмæджы. Мæздæджы фæндæгтæ ахæм уавæры сты æмæ шофыртæ сæхимæ зынгдгонд хæдтулгæ скъæрæг Шумахерæй хъауджыдæр нæ кæсынц. Фæндæгтæ дзыхъхъытæ æмæ къуыппытæй нал зынынц. Фæлæ шофыртæ сæ иувæрсты ахæм сæрæн цыд кæнынц, æмæ сæхæдæг дæр дисæй мæлынц. Хъуыддаг кæмæдæрты худæг кæсы. Фæлæ машинæты хицæутты та сагъæсы æфтауы. Арæх хæлынц, сæ цалцæггæнæн куыстытæ та зынаргъ слæууынц. Ныр зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц уавæр кæд аивдзæн, уымæ. Мамиаты Бештау: «Хæдтулгæйы раззаг хай мæ бахъæуы афæдз дыууæ хатты ивын. Мæ цæлхытæ кæддæр тымбыл уыдысты, ныр та сæ цыппаркъуымонтæ рауад. Хъæуты фæндæгтæ горæты фæндæгтæй дзæвгар хуыздæр сты. Прохладнæы сæйраг уынгыл адæймаг цæуынæй не `фсæды. Ам та иу 10 метрæй иннæмæ – дзыхъхъытæ». Роман Мирошниченко: «Мæздæджы фæндæгтæ сты тынг æвзæр. Зынаргъ хæдтулгæ балхæдтон, фæлæ æппынæдзух дзыхъхъыты кæй скуысси вæййын, уый тыххæй мын арæх фехæлы, бафæлладтæн. Ацы фæндæгтыл хæдтулгæйыл нæ, фæлæ фистæгæй цæуын дæр тæссаг у». Фæлæ Мæздæджы шофырты хъуыдымæ гæсгæ кæд иууылдæр ацы фæндæгтыл цæуынц, уæд мах дæр цæудзыстæм. Ныр сæ ныфс фæзынд ног фæндæгтæ сæм кæй фæзындзæн. Солиты Тариэль: «Куыд ма хъусын кодтон, афтæмæй 2018 азы Мæздæджы æмæ районы фæндæгты уавæр фæхуыздæр кæнынæн дихгонд æрцыд 180 милуан сомы». Мæздæджы районы фæндæгтæм базилынæн бюджетæй радих кодтой 39 милуан сомы. Уыдонæй 15, 5 милуан сомы схардз кæндзысты горæты фæндæгтæ срæсугъд кæныныл, иннæтæ та районы хъæутыл. Кировы номыл уынг Мæздæджы нымад у сæйрагдæрыл. Ам дæр фæндаг нæ бæззы. Фæлæ июлы уавæр хъуамæ аива. Цалцæггæнæн куыстытæ райдайдзысты иннæ сæйраг уынгты дæр. Мæздæджы районы фæндæгты иумæйаг дæргъ у 860 километры. Кæй зæгъын æй хъæуы,фæндæгтæ иуылдæр не сцалцæг кæндзысты. Сæйрагдæр сæм кæсы Хмельницкийы, Шевченкойы, Кировы, Октябры революцийы 50 азы æмæ Пролетайраг уынгтæ барæсугъд кæнын. Мæздæджы районы шофырты бæллиц тагъд рæстæджы æххæст кæнын райдайдзæн. Уыимæ сæ цард дæр хорзырдæм фæивдзæн. Фæндæгтыл æдасæй цæуын райдайдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Мæздæджы фæндæгтæ

Категория:

Новости и СМИ