Цæгат Ирыстоны цыбыр рæстæгмæ раргом кодтой лæгмарды фæдыл уголовон хъуыддаг
Цæгат Ирыстоны цыбыр рæстæгмæ раргом кодтой лæгмарды фæдыл уголовон хъуыддаг. Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы æртыккаг хайадмæ фехъусын кодтой лæгмард кæй æрцыд, уый тыххæй. Фыдбылыз æрцыд æмбисæхсæв Цоколайы фырты номыл уынджы. Бынатмæ уайтагъд бахæццæ ис слестгæнæн- оперативон къорд. Пъæлицæйы кусджытæ скодтой æппæт хъæугæ мадзæлттæ фыдгæнæджы сбæрæг кæнынынмæ. Лæгмары агурæг рацыдысты пъæлицæйы дæлхайадты кусджытæ. Басгæрстой фыдбылызмæ хæстæг бынæттæ. Æрзылдысты хæдзæрттыл. Сахаты ‘мгъуыдмæ фыдгæнæджы æрцахстой. Нæлгоймаг, йæ дзаума тугæй дзаг афтæмæй, уыд Дзæуджыхъæуы уынгтæй иуы, фыдракæнды бынатмæ хæстæг. Пъæлицæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, 29-аздзыд нæлгоймаг уыд нозтджын. Нæлгоймаджы цы кардæй барæхуыста, уый байстой. Фыдракæнды фæдыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны цыбыр рæстæгмæ раргом кодтой лæгмарды фæдыл уголовон хъуыддаг
Категория:
Новости и СМИ