Иумæйаг Паддзахадон Фæлварæны архайынмæ курдиаттæ бадæттыны бар ис 19-æм августмæ.
Иумæйаг паддзахадон фæлварæны архайынмæ курдиæттæ бадæттыны бар ис 19 августмæ. Уый тыххæй хъусын кæны Ахуырад æмæ наукæйы къабазы федералон цæстдарæн службæ. Фæлварæн раттыны фадат ис, скъоладзаутæй сæрмагонд рæстæджы иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттыны фадат кæмæн нæ фæцис, уыдон. Уыимæ ма æнæмæнг предметтæй æвзæр бæрæггæнæнты аххосæй аттестат чи нæ райста, уыдонæн дæр. Ивгъуыд азты рауагъдонтæй сæ бæрæггæнæнтæ фæхуыздæр кæнын кæй фæнды, уыдоны сентябры фæлварæнмæ нæ бауаддзысты. Сæ гæххæттытæ бадæттыны бар сывæллæттæн уыдзæн сæхи скъолаты. Сентябры фæлварæн раттæн уыдзæн æрмæсттæр дыууæ предметæй: математикæ æмæ уырыссаг æвзагæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Иумæйаг Паддзахадон Фæлварæны архайынмæ курдиаттæ бадæттыны бар ис 19-æм августмæ.
Категория:
Новости и СМИ