Армрестлингæй ерыстæ
Дзæуджыхъæуы ахицæн армрестлингæй турнир карджын адæмы 'хсæн. Республикон ерысты архайдтой 100 адæймагæй фылдæр, уыдонимæ 20 чызджы. Спортсментæ сæ къухты тых æвзæрстой 4 стъолыл. Алы хæцæн фæзмæ дæр дзы каст фæйнæ дыууæ тæрхонгæнæджы. Турниры хатдзæгтæм гæсгæ Уæрæсейы чемпионаты финалмæ рацыдысты 18 адæймаджы алы уæзты, се 'хсæн 11 лæппуйы æмæ 7 чызджы. Æнæ цымыдисаг цаутæй дæр ерыстæ нæ ахицæн сты. Золойты Мæирбеджы хъомылгæнинæгтæ - Гуæцæлты фазæттæ - Никæ æмæ Викæ кæрæдзиимæ фембæлыдысты финалы. Никæ разынд тыхджындæр, сси спорты мастер. Нæ республикæйы армспорты федерацийы вице-президент Еналдыты Хъазыбеджы ныхæстæм гæсгæ, ацы спорты хуызмæ нæ республикæйы аккаг цæст дарынц. Уый фæсивæдæн фадат дæтты ноджы разæнгарддæрæй хиуыл кусынæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Армрестлингæй ерыстæ
Категория:
Новости и СМИ