Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомады куыстуæттыл бафтыд
Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомады куыстуæттыл бафтыд
4 азмæ чысыл æмæ астæуккаг амалхъомады куыстуæттыл бафтыд. Чи дзы фæллой кæны, уыдоны нымæц та, фароны азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæфылдæр 28 милуанæй. Кæд пандемийæ æмæ санкциты уавæртæ тынг æрхæцыдысты амалхъомады рохтыл, уæддæр бантыст схизын ахæм бæрæггæнæнтæм. Уый тыххæй фехъусын кодта Михаил Мишустин. Хицауады сæрдар радзырдта, амалхъомадæн бæстæйы цы æххуыс кæнынц, уый тыххæй. Зæгъæм, кредиттæ исыны хорз уавæртæ, æфстау исгæйæ - гарантитæ, гранттæ æрыгон адæм æмæ социалон амалхъомадæн. Уæдæ бæлвырд куыст конд æрцыд национ проектты фæлгæты дæр. Уавæртæ арæзт цæуы, амалхъомады фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонæн дæр. 4 азмæ арæзт æрцыд 40 промышленнон фæзуаты. Æркуысын кæнын бантыст хъалонты дыууæ ног механизмы - 60 милуан сомæй къаддæр кæмæн сты се 'фтиæгтæ, стæй 5 кусæгæй фылдæр кæм нæй, уыдонæн снысан кодтой хъалонты æнцонгонд автоматикон системæ. Хъалонтæй бынтон суæгъд кодтой, æхсæнадон хæрæндæттæй 2 млрд сомæй къаддæр кæмæн сты сæ афæдзы æфтиæгтæ, уыдоны. Уæдæ мараторий снысан кодтой æркастытæн. Æмæ сæ нымæц фæкъаддæр 340 мины онг. Æркастыты бæсты та амалхъомадæмæн сæрмагонд профилактикон мадзæлтты 'руаджы æмбарын кодтой, лыггæнинаг фарстатæ куыд аиуварс кæнын хъæуы, уый.