Сæр хæдзарæн дæр хъæуы
Дзæуджыхъæуы Кобловы номыл уынджы 34-æм хæдзары цæрджытæн æмбæлгæ фадæттæ ис, уый дызæрдыккаг у. Фатерты къултæ хъуына æмæ уымæлæн нал фæразынц. Хæдзармæ æркаст нæй. Цалцæггæнæн куыстытæн дæр цæрджытæм нæй æхца. Цæмæн сæвзæрд ахæм уавæр? Цæрджыты курдиатмæ йæ хъус цæуыннæ исчи дары? Фатерты къултæ хъуына, уымæлæн нал фæразынц - згъæлынц, царæй дон кæлы. Ахæм уавæрты цæрынц Кобловы номыл уынджы бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ. Къæвда куы фæуары, уæд 5-æм уæладзыджы цæрæг Олисаты Айшаты фатер алы хатт дæр вæййы тæдзынджыты бын. Аххосаг та уымæн -хæдзары сæр нызæронд. Бæстыхай раздæр уыд куыстуат ОЗАТЭ-йы кусджыты æмдзæрæн. 30 азæй фылдæр хæдзары сæр цалцæггонд нæ уыд. Æртæ азы размæ ма йæ их дæр фæхоста. Хæдзары сæры уæлцъарыл цы æрмæджытæ тыд ис уыдон баихсыдысты. 2017 азæй хæдзар у Дзæуджыхъæуы №1-æм хадзарадты разамындæттæг компанийы бæрны. Фæлæ куыстуат фарста аиварс кæнынмæ афтæ дæр нæма бавнæлдтой. Уавæр аивынæн хъæуы 500 мин сомы. Цæрджытæм ахæм фæрæзтæ нæй. Сæ ныфс дарынц бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы программæйыл. Уый тыххæй регионалон операторæн хъуамæ мæймæ фидой 11 мин сомы. Иу квадратон метрæн 5 сомы. Бирæ цæрджытæн уый сæ дзыпп нæ амоны. Программæмæ гæсгæ хæдзар цалцæггонд æрцæудзæн 2025 азы. Куыстытæ фæтагъддæр кæнынæн хъæуы фиддонты 80% баххæст кæнын. Разамынд цы компани дæтты уым æмбарын кæнынц æхцайы фæрæзтæй сæмбырд æрмæст йæ 10%. Афойнадыл бафидгæйæ цалцæджы рæстæджы æмгъуыд дæр фæхæстæг уаид. Дæнцæгæн Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг уынджы цы хæдзар ис уый. Ам куыстытæм рæхджы бавналдзысты. «Ныртæккæ бындурон цалцæджы программæмæ бахастам ивддзинæдтæ. Цалцæджы рæстæг дæр ивд æрцыд. Пъланмæ гæсгæ хъуамæ райдыдтаиккой 2022 азы, ныр сæ райдайдзыстæм ацы аз», - РЦИ-Аланийы цæрæнуæтты-коммуналон, артаг æмæ энергетикæйы министры хæдивæг Кучиты Зауырбег. Кобловы номыл уынджы хæдзары цæрджыты хæс ныртæккæ у 400 мин сомы. Æхцайы фæрæзтæ куы баххæст кæниккой. уæд канд хæдзары сæр нæ, фæлæ ма хæдзармæ бацæуæн æмæ пъодвал дæр банывыл кæниккой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сæр хæдзарæн дæр хъæуы
Категория:
Новости и СМИ