«Фæллой æмæ хъахъхъæнынадмæ дæн цæттæ». Дзæуджыхъæуы арæзт цæуы спортивон фестиваль
«Фæллой æмæ хъахъхъæнынадмæ дæн цæттæ». Дзæуджыхъæуы арæзт цæуы спортивон фестиваль. Республикæйы скъоладзаутæ ерыс кодтой дугъы уайынæй, хи хæрдмæ ивазынæй, стæй гæпп кæнынæй. "Манеж"-ы уый тыххæй скодтой æмбæлгæ уавæртæ. Æртæ къæпхæны - муниципалон, регионалон æмæ æппæтуæрæсеон. Хуыздæртæ архайдзысты бæстæйы æмвæзадыл Ялтæйы. Сывæллæтты лагерь "Артек"-ы ацæудзæн финал. Уæлахиздзауты схорзæх кæндзысты кадджын уавæры. Мадзалы сæйраг хæс – фæсивæды 'ргом спортмæ раздахын.