Нуазынмæ бæззы?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Регионты хсæн 2-аг конкурс «Воля и Великодушие», зæгъгæ кæронмæ æрхæццæ.  Хатдзæгтæ дæр скодтой. Хуыздæр социалон проектыл, экологийы темæйыл, банымадтой Цыколайы 3-æм скъолайы ахуыргæнæг Цориты Ирмæйы куыст. Проект хуыйны «Нуазыны доны хæрзхъæддзинад». Бакуыста йыл йæ ахуырдзаутимæ иумæ. Йæ сæйраг хъуыды у – хъæуы нуазыны дон змæстæй цæмæ цæуы, уый раиртасын æмæ доны хæтæлтæм æркæсын. Уый тыххæй Цориты Ирмæ йæ ахуырдзаутимæ донæн сарæзтой иртæстытæ. Æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ – хæтæлтæ заууатмæ кæй æрцыдысты, уый тыххæй дон нуазынмæ нæ бæззы. Æрæфы районы сæ 40 азæй фылдæр нæ раивтой. Иртæстытæ проекты хуызы арвыстой конкурсмæ. Уым уыди 300 куыстæй фылдæр. Ерысгæнджытæ – Хъæрæсе-Черкессийæ, Хъырымæй, Дагестанæй, Краснодарæй æмæ Стъараполæй. Конкурсы амидингæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй куыстытæ иуылдæр разындысты ахадгæ. Цориты Ирмæйы ныхæстæм гæсгæ, йæ къордимæ дарддæр бæрзæндтæм тырндзысты. Ныридæгæн сæхи цæттæ кæнынц иннæ конкурсмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Нуазынмæ бæззы?

Категория:

Новости и СМИ