Кæд кусын уарзыс, уæд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны куыст ссарын зын кæй у, уый бирæ адæм сагъæсы фтауы. Уæлдай тынгдæр та йæ банкъарынц æрыгæттæ. Куысты фæлтæрддзинад кæмæ нæй, уыдоны никуыдæм исынц. Ацы фарста аиуварс кæныныл кусы республикæйы куыстдæттæг службæ. Уæлдар ахуырад чи райсы, уыдонæн саразынц стажировкæйы программæтæ. Афæдз размæ дæр ма Иван Серенков стажер уыд. ныр та фыццаг хатт бафæлвæрдта квадракоптеры фæрцы арвы тыгъдадæй зæххы рæсугъддзиндтыл афæлгæсын. Æмæ кæд тæхгæ ацы нырыккон цымыдиссаг кусæнгарз кæны, уæддæр адæймагмæ фæкæсы цыма алцыдæр йæхи цæстæй уыны, афтæ. Иваны Рагæй фæндыд йæ цард информацион технологитимæ сбæттын, ахæм курдиатимæ бахатыд адæмæн куыст дæттыны комитетмæ дæр. Æхцайы бын æй цы куыст фæкæндзæн, ахæмæй йын зæрдæ нæ бавæрдтой, фæлæ йын йæхи бафæлварыны бар радтой. Ныр кусы йæ уарзон куысты. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, нæ фæфæсмон кодта. Портал «Осетия 3D»-йы къордæн ахæм æмгуыстады хуыз сæ зæрдæмæ фæцыд, пайда кæй у, уый дæр уайтагъд бамбæрстой. уымæ гæсгæ ма цалдæр адæймаджы фæхуыдтой цалдæр мæйы сæм бакусынмæ æмæ сæхи бафæлварынмæ. Сахуыр сæ кæндзысты уæларвæй видео-æрмæджытæ исын, компьютерыл дизайнерон проекттæ аразын æмæ æрмæджытимæ раст кусыныл. Ахуырты фæстæ сæ сæххæст кæнын хъæудзæн цалдæр хæслæвæрды, уый фæстæ гæнæн ис, æмæ сын куыст ссарын дæр баххуысс кæндзысты. Уæдæ адæймаджы бартæ хъахъхъæнджыты коллегийы дæр кусын кæй фæнды, уыдоныл тынг бацин кæнынц. Æрæджы сæм æрбацыдысты 18 адæймаджы. Сæ фидæны дæсныйады сусæгдзинæдтæ практикæйы ахуыр кæнын дæр райдыдтой. Адвокат Уататы Маринæ: «Стажировкæ ацæуыны гæнæн мын фæцис. архайдтой тæрхондоны куыстыты, слестгæнæн мадзæлтты, тынг разыйæ нæ баззадысты, уæдæ мах дæр афтæ. Æрыгон фæсивæды минæвæрттæ сты зондджын, зæрдæргъæвд. Стыр бузныг нæ фæнды зæгъын куыстдæттæг службæйæн,уæдæ сæ фæсивæд дæр фæбузныг сты». Уæлдæр ахуырад чи райста æмæ куыстдæттыны службæйы хыгъды чи ис, ахæм 120 адæймагæн дæр бакусынæн фадат фæзынд. Сæ фылдæрмæ куысты фæлтæрддзинад нæй. Фæлæ тырнынц куыст хуыздæр базонынмæ. Комитеты ма куыст стажировкæйæ зæрдæ бавæрдтой 200 æрыгон специалистæн. Дзæуыджыхъæуы куыстдæттæг центры сæйраг специалист Солтамты Юлия: «Цалдæр программæйы нæм ис. Иумæ гæсгæ, стажирокæ чи цæуы, уымæн фидынц мызды æппынкъаддæры бæрц — 11 мин сомы. Уыдæ ма сын куыстдæттæг йæхæдæг дæр бафиды. Иннæ программæ дæр афтæ у — бафидæм 2017 азы фидаргонд куысты мызды æппынкъаддæры бæрц — 7 мин сомы». Ног дæсныйадыл сахуыр кæнынмæ кæй арвитой, уыдонæй алкæмæндæр уыдзæн фæлтæрдджын зондамонæг-специалист. Уыдонæн дæр ахуырадон рæстæгмæ сæ мыздыл 3 мин сом бæрц бафтаудзысты. Уый та куыстуæтты кусджыты дæр разæнгард кæны, æрыгæтты сæ дæсныйады сусæгдзинæдтимæ зонгæ кæнынмæ. Фæсивæдæн та æнцондæр уыдзæн сæ зæрдæ цы куыстæй райдзæн, ахæм ссарын. Кæд æй не`ссарой, уæд та сæ рæстæг дзæгъæлы нæ фесафдзысты. Фыццаджыдæр ног дæсныйадыл сахуыр уыдзысты. дыккаджы та сæ стажировкæйы рæстæг бахæсдзысты фидæны фæллойадон стажмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Кæд кусын уарзыс, уæд

Категория:

Новости и СМИ