Гуырдзыбеты Блашкайы мысгæйæ
Гуырдзыбеты Блашкайы райгуырды юбилейон азы кадæн Цæгат Ирыстоны истори æмæ археологийы институты уыдис номарæн конференци. Литературæйы зындгонд кусæджы райгуырды боныл ацы аз æххæст кæны 150 азы. Конференцийы равдыстой Национ музейы æмæ Цæгат Ирыстоны архивон службæйы æрмæджытæ, Блашкайы къамтæ, йæ къухфыстытæ, алыхуызон документтæ. Блашкайы тыххæй цымыдисаг цаутæ радзырдта историон наукæты доктор, профессор Бзарты Руслан. Æмбырды ма уынаффæ рахастой, Блашкайы цард æмæ сфæлдыстад зынаргъ кæмæн у, уыдон куыд æрбангом уой æмæ йын йæ хæдзарæй музей саразыныл куыд бакусой. Баххуыс кæнынæй сын зæрдæ бавæрдтой, Блашкайы хæдзары цур цы аргъуан ис, уый кусджытæ дæр. Уый та ууыл дзурæг у æмæ йын йæ рухс ном, йе сфæлдыстад зæрдыл дарынц æдзухдæр æмæ йын аргъ кæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Гуырдзыбеты Блашкайы мысгæйæ
Категория:
Новости и СМИ