Цæгат Ирыстоны хицауады уæнгтæ æрдзырдтой республикæйы ахсджиаг фарстатыл
Хæстæг рæстæг республикæмæ æрласдзысты Асланбек Мухтаровы. Фæцæф Украинæйы æфсæддон операцийы фæстæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды рæстæг. Æрдзырдтой ма цæф чи баййæфта, уыдоны уавæрыл дæр. Æмбырды рæстæг фæнысан кодтой эпидемиологон уавæр. Хæстæг рæстæг республикæмæ æрласдзысты, Украинæй æфсæддон операцийы рæстæг чи фæмард, уыцы Асланбек Мухтаровы. Регионы разамонæг Сергей Меняйло вице-премьер Томайты Ирбегæн бабар кодта, цæмæй Цæгат Ирыстоны цæрджытæй æфсæддон операцийы рæстæг чи фæмард, уыдоны экспертизæ æмæ æрласыны фарстаты къуылымпыдзæинæдтæ ма уа. Ныридæгæн Цæгат Ирыстоны дзæбæх кæнынц, чи фæцæф, уыцы æфсæддонты. Республикæйы сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй, пациенттæ медицинон æххуыс хъуамæ исой æвæстиатæй. Рынчындон Сергей Меняйло бабæрæг кодта йæхæдæг. Республикæйы сæргълæууæг бабар кодта, цæмæй Дзæуджыхъæу æмæ Мæздæджы госпит цы цæф æфсæддонты бахæццæ кодтой, уыдоны тыххæй сæ бинонтæн цыбыр рæстæгмæ фехъусын кæной. Рынчынфæрсæг чи 'рцæуа, уыдонмæ та æрбынат кæнынмæ фæкæсын. Уæлдай æргом азлдæхта Донецк æмæ Луганскы лыгъд адæммæ. Цæгат Ирыстонмæ сæ чи ссыд, уыдонæн хъуамæ уа æмбæлгæ уавæртæ. Сæйрагдæр та медицинон æххуыс. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийæн Сергей Меняйло бабар кодта, цæмæй кæм æрбынат кодтой, уым санитарон домæнтæ æххæстгонд цæуой бæстонæй. Аппаратон æмбырды архайджытæ ма бæстон æрныхас кодтой æнæмæнг хъæугæ продуктты аргъыл. Санкциты рæстæг республикæ хъуамæ цух мацæмæй баййафа, фæнысан кодта Сергей Меняйло. Ныхас цыд эпидемиологон уавæрыдл дæр. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны дзæбæхгæнæндæттæ райдыдтой кусын фæткмæ гæсгæ. Пъланмæ гæсгæ кусы Республикон клиникон рынчындон дæр. Коронавирус кæмæ рабæрæг вæййы, уыдон зынгæ фæкъаддæр сты. Æдæппæтæй стационарты сæхи дзæбæх кæнынц 221 адæймаджы. Дзæдзойты Фатимæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv